Хуыгатæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Хуыгатæ (уырыс. Хугаевы, гуырдз. ხუგაშვილი[1]) сты стырдæр ирон мыггæгтæй иу.

Истори[ивын | Бындур ивын]

Мыггаджы равзæрд[ивын | Бындур ивын]

Цыдæр таурæгътæм[2] гæсгæ, сæ равзæрд цæуы Мамысонæй. Уырдыгæй сæ рагфыдæл Гуылар афтыдис Къуыдаргоммæ. Гуыларæн уыдис æртæ фырты: Коцой, Теблой, Зассе æмæ Хуыга. Фæстæдæр уыдон Къуыдаргомы фесты хицæн мыггæгтæ: Коцойтæ, Теблойтæ, Зассетæ æмæ Хуыгатæ. Иннæ версимæ гæсгæ, Гуылар йæ фырттимæ æрбацыдис Ручъы комæй:

«Хуыга... уыди цуанон лæг, лидзгæ та Брытъатæй, уартæ Урстуалтæй»[3]

Хуыгаты æрцард Къуыдаргомы[ивын | Бындур ивын]

Фыццаг хъæу, уыдон кæм æрцардысты се ’рвадæлтимæ, уыди Часавал. Уый æрбынат кодта тæккæ Хуыгаты хохы рæбыны. Иннæ Хуыгатæ ацыдысты дæлæмæ æмæ бындур æрæвæрдтой Æхсæрджыны комы мидæг сæ дыккаг хъæу — Æхсæрджынæн. Æртыккаг хъæу, Хуыгатæ кæм ’рцардысты, æрбынат кодта Часавалы бакомкоммæ ’мæ йæ ном уыди Шеубан. Стæй Рацъы хохы рагъы цæгатаг къуылдымы цур равзæрдис Хуыгаты цыппæрæм хъæу — Хæрдысæр. Уый фæстæ Хуыгатæ сарæзтой сæ фæстаг хъæу — Мыртгæджын. Ацы хъæу лæууыдис скæсæйнаг кæроны Дуалы нарæг хохы хизæны, Сембулы хъæуы цур. Афтæмæй, Хуыгатæм уыди фондз хъæуы. Цасдæр рæстæг куы рацыдис, уымæй фæстæмæ уыдон æндæр кæмттæм лидзын райдыдтой: Рацъ, Дзауы ком, Цхинвал, Къахет, Гурмæ ’мæ æнд.

Номдзыд Хуыгатæ[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъон ирон мыггагон нæмтты тыххæй. Ирон мыггæгты иууон номхыгъд
  2. Теблойты Н. æмæ Наниты А.
  3. Хуыгаты Ирлан. Хуыгаты кадæг

Æддаг æрмæг[ивын | Бындур ивын]