Хуыгаты Алан
Хуыгаты Алан | |
---|---|
![]() | |
Иумæйаг информаци | |
Æрд | нæлгоймаг[d] |
Æмбæстонад | |
Специализаци | хъæбысхæст[d] æмæ грекъ-ромаг хъæбысхæст[d] |
Райгуырды датæ | 1989-æм азы 27 апрелы (34 азы) |
Гуырæн бынат | |
Ас | 178 см |
![]() |
Хуыгаты Анатолийы фырт Алан (райгуырдис 1989-æм азы 27 апрелы Дзæуджыхъæуы) — грекъ-ромаг хъæбысхæсты æхсæнадæмон къæпхæны спорты мастер, æхсæнадæмон серийы турнир «Гран-при Иван Поддубный»-ы уæлахиздзау (2012), Уæрæсейы чемпион (2012), Европæйы чемпионаты æвзист призёр (2011-æм аз), Сæрдыгон Олимпаг хъæзтыты чемпион (2012).[1]
Лондоны олимпиадæйы грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй ерысты Алан рамбылдта сызгъæрин майдан. 84 килограммы онг уæзы хæцгæйæ, финалы фæуæлахиз ис Карам Мохаммед Габер Ибрагимæн.
2019-æм азы августæй кусы Цæгат Ирыстоны спорты министрæй.
Хорзæхтæ æмæ кады нæмттæ[ивын | Бындур ивын]
- Æхсæнадæмон къæпхæны Уæрæсейы спорты мастер
- Лондоны олимпаг чемпион (2012)
Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]
- ↑ Хугаев Алан Анатольевич (уырыс.)