Перейти к содержанию

Къахет

41°45′00″ с. ш. 45°43′00″ в. д.HGЯO
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Регион
Къахет
гуырдз. კახეთის მხარე
41°45′00″ с. ш. 45°43′00″ в. д.HGЯO
Паддзахад Гуырдзыстон Гуырдзыстон
Админ. центр Телау
Сæргълæууæг Гиорги Аладашвили[d]
Истори æмæ географи
Бындурæвæрды датæ 1995
Фæзуат
  • 11 309,5 км²
Сахатон таг +4
Цæрджытæ
Цæрджытæ
  • 309 600 ад. (2021)
Цифрон идентификатортæ
Код ISO 3166-2 GE-KA

Официалон сайт(гуырдз.)(англ.)
Къахет картæйыл
Къахет картæйыл
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Къахет[1] (гуырдз. კახეთი [kʼɑxɛtʰi]) у административон регион æмæ историон бæстæ Скæсæн Гуырдзыстоны, Иор æмæ Алазаны доны уæлкæлæнтты. Йæ сæйраг сахар у Телау.

VIII æнусы онг уыди Картлийы паддзахады. XIII æнусæй бацыд Гуырдзыйы паддзахадмæ. XV æнусы дыккаг æрдæгæй уым равзæрди Къахеты паддзахад. 1762-æм азæй уыди Картли-Къахеты паддзахады. 1801-æм азы бацыд Уæрæсейы империмæ.

Цæрджытæ

[ивын | Бындур ивын]

Цæрынц дзы гуырдзиæгтæ, ирæттæ, цæцæйнæгтæ, азербайджайнæгтæ æмæ æндæр адæмыхаттытæ. Къахеты дыууæ хъæуы — Ульяновкæ æмæ Свободное — цæрынц Гуырдзыстоны малакантæй фылдæр хай[2].

Къахеты чысылдæр адæмтæ арæх хъаст кæнынц, уыдонмæ паддзахад æмæ сæ алфамбылай цæрджытæ хъомыс кæй дарынц, уый тыххæй[3][4].

Экономикæ

[ивын | Бындур ивын]

Хъæууон хæдзарад

[ивын | Бындур ивын]

Къахеты экономикæйы ахсджиагдæр къабаз у хъæууон хæдзарад. Уый у бынæттон цæрджыты æфтиæгты сæйраг гуырæн[5]. Хъæууон хæдзарад бынæттон индустримæ дæтты хомаг дæр.

Къахет радихгæнæн ис дыууæ физикон-географион регионыл:

  1. Мидæггаг Къахет (гуырдз. შიდა კახეთი) — размæцыд къабæзты дзы сты сæнæфсиргуыст, хоры культурæтæ, дыргъгуыст æмæ фосдарын Алазаны комы.
  2. Æддаг Къахет (гуырдз. გარე კახეთი) — уым дæр иуæй-иу ран кæнынц сæнæфсир æмæ дыргъты куыст, садзынц æхсынæн (сонхура), мæнæу æмæ нартхор Иорийы цæугæдоны былтыл.

Хъæууон хæдзарады сæйраг къабаз у сæнæфсиры æмæ сæндуцыны куыст. Гуырдзыстоны æппæт сæнæфсирдæтты фæзуатæй йе ’рдæг у Къахеты сæнæфсидæттæ[5]. Æрвылаз Къахеты æмбырд кæнынц сæнæфсир 120—150 мин тоннæйы.

Къахеты регионы ма садзынц мæнæу, нартхор æмæ хъæбæрхор. Афæдзмæ сæ иумæйаг тыллæг у 120—160 мин тоннæйы. Сонхурайы тыллæджы фылдæр хай æмбырд кæнынц Дедоплисцкаройы районы.

Къахеты хорз рæгъæд кæнынц алтъами, чылауи, æрыскъæф æмæ æндæр дыргътæ. Аслам дыргътæ сты дыргъгуысты индустрийы бындур.

Регионы ис хорз хизæнуæттæ дæр.

Транспорт

[ивын | Бындур ивын]

Къахеты ис дыууæ сæйраг транспортон магистралы: æфсæнвæндаг æмæ автомобилон фæндаг. Уыдон цæуынц Гуырдзыстоны центрæй Азербайджанмæ. Паддзахадон нысаниуæджы фæндæгты дæргъ у 580 километры. Паддзахæдты ’хсæн чи цæуынц, ахæм фæндæгты дæргъ у 120 км. Афсæнвæндаджы дæргъ у 150 км.

Уыимæ ма Къахеты ис 6 аэродромы, фæлæ уыдонæй кусы æрмæст иу — Телауы чи у, уый.

Электрон тых

[ивын | Бындур ивын]

Регионы алы цæрæнуæты дæр ис электрон тых, æхсæв-бонæй. Иу боны дæргъы исынц 18-20 мегаватты.

Къахеты кусынц цыппар гидроэлектростанцæйы. Уыдонæй ногдæр æмæ стырдæр у Хадоры ГЭС, йæ генераци у 25 мегаватты бæрц. Хадоры гидроэлектростанцæ скуыста 2004-æм азы китайаг инвестициты фæрцы[6].

Административон дих

[ивын | Бындур ивын]
Муниципалитет Фæзуат, км² Цæрджытæ (2002) Цæрджытæ (2014)[7] Цæрджытæ (2018) Административон центр
Ахметъайы 2207 41 641 31 461 30 193 Ахметъа
Гурджааны 846 72 618 54 337 53 104 Гурджаан
Дедоплисцъхъаройы 2529 30 811 21 221 21 069 Дедоплисцъхъаро
Лагодехы 890 51 066 41 678 41 402 Лагодех
Сагареджойы 1491 59 212 51 761 52 251 Сагареджо
Сигънахы 1252 43 587 29 948 29 724 Сигънах
Телауы 1095 70 589 58 350 56 663 Телау
Хъуарелы 1001 37 658 29 827 30 275 Хъуарел
Къахеты муниципалитеттæ:
1 Ахметъайы муниципалитет,
5 Гурджааны муниципалитет,
8 Дедоплисцъхъаройы муниципалитет,
4 Лагодехы муниципалитет,
6 Сагареджойы муниципалитет,
7 Сигънахы муниципалитет,
2 Телауы муниципалитет,
3 Хъуарелы муниципалитет.

Сахартæ æмæ хъæутæ

[ивын | Бындур ивын]

Къахеты ис 10 сахары:

Кæс ноджы

[ивын | Бындур ивын]

Æддаг æрмæг

[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Русско-Осетинский словарь. Составил В.И. Абаев. 25.000 слов. Государственное издательство иностранных и национальных словарей. Москва, 1950
  2. Благовест-Инфо. 25.02.2009
  3. Сегодня.ру. В Грузии новый приступ шовинистической истерики (уырыс.)
  4. Day.Az: Дашгын Гюльмамедов: «Преступный и шовинистический режим Саакашвили всячески пытается скрыть следы «тихого геноцида» азербайджанцев» (уырыс.)
  5. 5,0 5,1 Къахеты администрацийы сайт. Kakheti Region. Economy Архивгонд æрцыдис 21 июлы 2011 азы. (англ.)
  6. РИА Новости. Саакашвили открыл ГЭС в Панкисском ущелье, построенную на китайские деньги Архивгонд æрцыдис 20 январы 2016 азы. (уырыс.)
  7. Итоги переписи населения Грузии 2014 года (2014 General Population Census Main Results General Information). 2014 GENERAL POPULATION CENSUS RESULTS(англ.)(æнæбаххæсгæ æрвитæн). Национальная статистическая служба Грузии. Датæ: 2016-æм азы 28 апрелы. Архив 2016-æм азы 8 августы.