Хуссар Ирыстоны хæст (2008)

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Хæсты картæ

Хуссар Ирыстоны дыккаг хæст (уырыссагау æй фæхонынц Фондзбонон хæст дæр, гуырдзиаг историографи йæ хоны Уæрæсейы-Гуырдзыйы хæст) уыд 2008-æм азы сæрды. 7 августы æхсæвыгон гуырдзиаг салдæттæ бабырстой Цхинвалмæ. Уыдон парахатæй пайда кодтой артиллери æмæ танктæй, уыцы бабырсты рæстæг амардысты Цхинвалы цæрджытæй бирæ, хæлд кæнæ сыгъд æрцыдысты бирæ амаддзæгтæ.

2008-æм азы 8 августы Уæрæсейы æфсад æрбацыдис Хуссар Ирыстонмæ æмæ ссæрибар кодта йæ сæйраг сахар, стæй Республикæйы алы район дæр (уыимæ Ленингоры район, кæцыйæн йæ фылдæр хай хæсты агъоммæ Республикæйы хицæуады дæлбар нæ уыдис).

Уæрæсейы æфсад æмæ Хуссар Ирыстоны æфсæддонтæ бырстой размæ, байстой Гур æмæ ныппырх кодтой Гуырдзыстоны æфсаддон базæтæй бирæ.

Уыцы хæсты фæдыл Уæрæсейы Федераци (йæ президенты барамындтытæй) Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы Республикæйы хæдбардзинад банымадта[1][2].

Уыцы республикæты цы Тбилисы дæлбар территоритæ ма уыдысты (Ленингоры район, Цхинвалы районы гуырдзиаг хъæутæ æмæ «Уæллаг Абхаз»), уыдон бынæттон хицауæдтæм бахаудысты. Афтæмæй 2008-æм азы сæрды фæстæ Гуырдзыстоны кæддæры автономитæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз сæ советон рæстæджы арæнтæм бацыдысты.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

Æддаг æрмæг[ивын | Бындур ивын]

Видео