Талышы хæхтæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Талышы хæхтæ
перс. کوههای تالش, азерб. Talış dağları, тал. Tolışə bandon
Yardimli08.jpg
Координатæтæ: 38°41′47″ с. ш. 48°18′40″ в. д.HGЯO
Ран

Иран, Азербайджан

Дæргъ

100 км

Бæрзонддæр цъупп

Кёмюркёй

Цъуппы бæрзæнд

2492 м

Талышы хæхтæ (Азербайджан)
Montanya.svg
Талышы хæхтæ
Commons-logo.svg Категори ВикиКъæбицы

Талышы хæхтæ (перс. کوههای تالش Kuhāe Tālesh, азерб. Talış dağları, ома «талышаг хæхтæ», талышаг адæмы номæй) сты, æхсæнхæххон агаутæй хицæнгонд чи сты, уыцы æртæ къæдзæхы: Сæйраг донхатæн рагъ, Пештары æмæ Буровары рæгътæ. Æрбынат кодтой Азербайджаны хуссар-скæсæны тæккæ кæрон æмæ Ираны арæйнаг районты.

Сæ дæргъ у 100 км, бæрзонддæр цъуп — 2477 метры (хох Кюмюркёй).

Талышы хæхты скæсæнвахс зайынц субтропикон уæрæхсыфджын хъæдтæ, 600 метры бæрзæндыл сæ раивынц тæрсытæ, уæлхох ран та — уыгæрдæн; хæхты ныгуылæнвæхстыл зайынц ксерофитон æмбæлæдтæ[1].

Талышы хæхты территорийыл æрбынат кодта Гирканы национ парчы иу хай. Ацы парк сарæзтæуыд 2003-æм азы æмæ дзы зайы кайнозойон эрæйы реликтон хъæд.

Скæсæны Талышы хæхтæ Къаспы денджызы ’хсæн ис Ленкораны дæлвæз, Чысыл Кавказы хохмассивтæй та сæ хицæн кæны Муганы быдыр. Хуссары æмæ ныгуылæны Талышы хæхтæ сты æмарæн Ираны уæлвæзы æндæр массивтимæ.

Административон æгъдауæй Талышы хæхтæ æвæрд сты Азербайджаны ацы районты: Ленкораны, Леричы, Масаллыйы æмæ Ярдымлыйы.

Галерей[ивын | Бындур ивын]

Уымæй фылдæр кæс[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. ru:Ксерофиты (уырыс.)