Перейти к содержанию

Смоляны облæст

41°40′00″ с. ш. 24°35′00″ в. д.HGЯO
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Облæст
Смоляны облæст
болг. Област Смолян
41°40′00″ с. ш. 24°35′00″ в. д.HGЯO
Паддзахад Болгари Болгари
Админ. центр Смолян
Истори æмæ географи
Бындурæвæрды датæ 1999-æм азы 8 январы
Фæзуат
  • 3193 км²
Сахатон таг EET (UTC+2, сæрды UTC+3)
Цæрджытæ
Цæрджытæ
Цифрон идентификатортæ
Код ISO 3166-2 BG-21
Автомобилон код СМ

Официалон сайт
Смоляны облæст картæйыл
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Смоляны облæст (болг. Област Смолян) у Болгарийы хуссары хæххон облæст. Йæ административон центр у сахар Смолян (32 824 цæрæджы[2]), лæууы болгайраг сæйраг сахар Софияйæ хуссар-ныгуылæнырдæм.

Облæст цы территори ахсы, уый фæзуат у 3193 км²[3].

Смоляны облæст æмарæн у

Цæрджытæ

[ивын | Бындур ивын]

2008 азы июлмæ облæсты цардысты 130 043 адæймаджы[4].

Сахар Смоляны йеддæмæ облæсты ис ма æндæр авд сахары — Девин (7090 цæрæджы[2]), Доспат (2527 цæрæджы[2]), Златоград (7808 цæрæджы[2]), Мадан (6929 цæрæджы[2]), Неделино (4784 цæрæджы[2]), Рудозем (4058 цæрæджы[2]), Чепеларе (5664 цæрæджы[2]). Уыимæ ма Смоляны облæсты территорийыл ис 234 хъæуы[3].

Административон æгъдауæй облæст дихгонд у 10 хъæубæстæйыл:

Смоляны облæст
  1. Баните (хъæубæстæ) (5337 адæймаджы[4]).
  2. Борино (хъæубæстæ) (3834 адæймаджы[4]).
  3. Девин (хъæубæстæ) (13 599 адæймаджы[4]).
  4. Доспат (хъæубæстæ) (9634 адæймаджы[4]).
  5. Мадан (хъæубæстæ) (13661 адæймаджы[4]).
  6. Неделино (хъæубæстæ) (7677 адæймаджы[4]).
  7. Рудозем (хъæубæстæ) (10 533 адæймаджы[4]).
  8. Смолян (хъæубæстæ) (44 233 адæймаджы[4]).
  9. Чепеларе (хъæубæстæ) (8260 адæймаджы[4]).
  10. Златоград (хъæубæстæ) (13 275 адæймаджы[4]).

Фенддæгтæ

[ивын | Бындур ивын]

Смоляны облæст у цымыдисæг хæххон регион. Ис дзы Болгарийы зымæгон туризмы зынгæдæр артдзæст курортон комлпекс Пампорово. Архитектурон æмæ историон фенддæгтæ дæр дзы бирæ ис[5].

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]