Перейти к содержанию

Семёнов, Леонид Пётры фырт

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Леонид Пётры фырт Семёнов
Семёнов 1917-æм азы
Семёнов 1917-æм азы
Райгуырды датæ 17 (29) майы 1886 кæнæ 1886[1]
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1959-æм азы 2 апрелы(1959-04-02) кæнæ 1959[1]
Мæлæты бынат
Бæстæ
Куысты бынат
Альма-матер
Хорзæхтæ æмæ премитæ
Ленины орден Фæллойадон Сырх Тырысайы орден орден «Кады Нысан» медаль «За трудовую доблесть» «Кавказ хъахъхъæныны тыххæй» майдан

Леонид Пётры фырт Семёнов (1886—1959) уыд советон литературæзонæг, аивадзонæг, профессор, археолог[2], ЦИ АССР-йы зонады сгуыхт архайæг. Уыд Хетæгкаты Къостайы, Брытъиаты Елбыздыхъойы, Тугъанты Батырбег æмæ иннæ ирон культурæйы минæвæртты сфæлдыстад фыццаг иртасджытæй иу.

Райгуырдис 1886-æм азы 30 майы Терчы облæсты Слепцовскæйы станицæйы (ныртæккæ у Сунжæйы сахар Мæхъхъæлы Республикæйы) ахуыргæнæджы бинонты[3]. Йæ мад Вассæ Захары чызг Лерман, хъомыл кодта аст сывæллоны, амыдта сæрмагонд уроктæ.

1891-æм азы Семёновтæ ралыгъдысты Дзæуджыхъæумæ æмæ æрцырдысты, Леонид Семёнов йе ’нæхъæн цард кæм æрвитдзæн, уыцы Ирон уынджы хæдзары. Æрыгонæй суинаг ахуыргонд уарзта классикон æвзæгтæ ахуыр кæнын[4].

Дзæуджыхъæуы реалон училищейы каст фæуыны фæстæ ацыдис Харьковы университеты историон-филологон факультеты ахуыр кæнынмæ (1908–1912)[5], классикон æвзæгтæ хорз кæй зыдта, уый йын стыр ахъаз фæцис йæ ахуыры. 1911-æм азы ныффыста йæ фыццаг зонадон куыст Михаил Лермонтовы поэзийы тыххæй, рауагътой йæ Харьковы историон-филологон æхсæнады æмбырдгонды 1913 азы[4].

Бирæ азты дæргъы Л. П. Семёнов амыдта уырыссаг æвзаг æмæ литературæ Дзæуджыхъæуы педагогон институты, 1934-æм азæй уыд профессор. Уыцы иу рæстæг куыста Цæгат Кавказы бæстæзонæн институты æмæ йæ зонадон музейы, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты заман йæ куыст адарддæр кодта Цхинвалы педагогогон институты[5].

Бацæттæ кодта, кандидатон æмæ докторон диссертацитæ æнтыстджынæй чи бахъахъхъæдта, дæс ахæм ахуыргæнинагæй фылдæр.

Семёнов уыд Советон Цæдисы зонæдты академийы мидæг Лермонтовы къамисы уæнг[5].

Амардис 1959-æм азы 2 апрелы Дзæуджыхъæуы. Ныгæд æрцыдис Ирон аргъуаны кæрты уæлмæрдты.

Литературæ

[ивын | Бындур ивын]
  • Хайманова И. Леонид Петрович Семенов / Ирина Хайманова // Человек и книга: страницы истории Национальной научной библиотеки РСО-А (1985—2005) / сост. И. Хайманова. Владикавказ : ИПП им. В. Гассиева, 2005. С. 140—141
  • Ученый, ставший гордостью Осетии : [о выдающемся ученом-гуманитарии, литературоведе, искусствоведе Леониде Петровиче Семенове] // Северная Осетия. 2 апреля 2004
  • Хозиев Б. Проповедник дружбы народов // Северная Осетия. 17 ноября 1989
  • Цаллагова Т. Дидактические воззрения Л. П. Семёнова // История и философия культуры. Актуальные проблемы : сб. науч. трудов. Вып. 6. / под ред. С. Архипова. Владикавказ: Изд-во СОГУ, 2003. С. 259—272.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. 1,0 1,1 Library of Congress Authorities (англ.)Library of Congress.
  2. Takho-Godi, A. A., Тахо-Годи, А. А. Zhiznʹ i sudʹba : vospominanii︠a︡. — Moskva: Molodai︠a︡ gvardii︠a︡, 2009. — 691 pages с. — ISBN 9785235031920, 523503192X.
  3. Тахо-Годи А. А. Жизнь и судьба: Воспоминания.
  4. 4,0 4,1 Людмила Беседина. Он жизнь посвятил служению науке. Сайт «Осетия-Квайса» (30 майы 2011). Датæ: 2013-æм азы 20 январы. Архив 2013-æм азы 5 февралы.
  5. 5,0 5,1 5,2 Семенов Леонид Петрович (1886–1959) / Литературоведы(недоступная ссылка). Национальная научная библиотека Республики Северная Осетия-Алания. Датæ: 2013-æм азы 20 январы. Архив 2013-æм азы 5 февралы.

Æддаг æрмæг

[ивын | Бындур ивын]