Перейти к содержанию

Саакашвили, Михаил Николозы фырт

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Саакашвили-æй æрвыст)
Михаил Николозы фырт Саакашвили
гуырдз. მიხეილ სააკაშვილი
2015-æм азы 30 майы — 2016-æм азы 9 ноябры
Раздæр чи уыд Игорь Палица[d]
Фæстæдæр Максим Степанов[d]
2008-æм азы 20 январы — 2013-æм азы 17 ноябры
Раздæр чи уыд Нино Бурджанадзе[d]
Фæстæдæр Георгий Маргвелашвили[d]
1996-æм азы 24 июны — 1999-æм азы 26 апрелы
1999-æм азы 26 апрелы — 2001-æм азы 22 январы
2000-æм азы 12 октябры — 2001-æм азы 19 сентябры
Раздæр чи уыд Джони Хецуриани[d]
Фæстæдæр Роланд Гилигашвили[d]
2005-æм азы 3 февралы — 2005-æм азы 17 февралы
Райгуырдис 1967-æм азы 21 декабры(1967-12-21)[1][2] (56 азы)
Мад Гиули Аласания[d]
Æмкъай Сандрæ Рулофс
Парти
Ахуырад
Ахуырадон къæпхæн барады магистр[d]
Дин Гуырдзыстоны растуырнæг еклези[d]
Къухæрфыст Изображение автографа
Хорзæхтæ
Сайт saakashvilimikheil.com
Кæм куыста
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Михаил Саакашвили (гуырдз. მიხეილ ნიკოლოზის ძე სააკაშვილი, райгуырдис 21 декабры 1967 азы Тбилисы) у Гуырдзыстоны æртыккаг президент, Гуырдзыстон æмæ Украинæйы политик æмæ æхсæнадон архайæг. Президенты бынатмæ йæ равзæрстой 2004-æм азы, Уардиты революцийы фæстæ. Дыккаг æмгъуыдмæ æвзæрст æрцыд 2008-æм азы æмæ ацы бынаты куыста 2013-æм азы ноябры онг.

1984-æм азы Михаил Саакашвили каст фæци Калачы астæуккаг скъола № 51, райста сыгъзæрин майдан.

1989-90 азты службæ кодта советон æфсады куыд арæнгæс. 1992-æм азы каст фæцис Киевы паддзахадон университеты æхсæнадæмон ахастыты факультет æмæ сцыди Гуырдзыстонмæ, куыста адæймаджы бартæ хъахъхъæныны комитеты юристæй[3]. Уæд райста грант æмæ ахуырмæ ацыдис Францмæ, Адæймаджы барты æхсæнадæмон институтмæ. Афæдзы фæстæ та куыд АИШ-ы паддзахадон департаменты стипендиат æрвыст æрцыдис Колумбийы университетмæ (Нью-Йорк), уым 1994 азы райста барады магистры къæпхæн. Уый фæстæ ахуыр кодта Джордж Вашингтоны университеты Вашингтоны сахары, стажировкæ кодта Барады европæйаг академийы (Флоренци) æмæ Æхсæнадæмон барады академийы (Гаагæ)[3].

Куыста Норвегийы сæйраг сахар Ослойы уымы Адæймаджы барты институты, фæстæдæр та — америкаг юридикон фирмæйы Patterson, Belknap, Webb & Tyler, кæцы ХПА-ы нефты гуырæнтыл америкаг проектты интерестæ хъахъхъæдта[3].

1995-æм азы Саакашвили раздæхтис Тбилисмæ, æрхуыдта йæ йе ’мбал Зураб Жвания. Гуырдзыстоны æмбæстæгты цæдисы уæнг сси, æмæ йæ уайтагъд равзæрстой Гуырдзыстоны парламенты депутатæй. 1996-æм азы разамынд лæвæрдта конституцион æмæ юридикон фарстаты фæдыл парламенты комитетæн. 1998-æм азы слæууыд йæ партийы парламенты фракцийы сæргъы. 1999-æм азы ногæй депутат сси уыцы иу партийæ.

2000-æм азæй куыста куыд Гуырдзыстоны минæвар Европæйы парламентты ассамблейы (ПАСЕ). Фæлæ уыцы азы октябры снысан æй кодтой юистицийы министрæй, афтæмæй йæхи суагъд кодта депутаты бартæй. Министры бынаты Саакашвили тох кодта наротикты ныхмæ, домдта наркотикон буаргъæдты æнæмæнг экспертизæ чиновниктæн, йæхи туг-иу анализтæм радта; æнæзакъонон хуызы цы мулкъ балхæдтой, уый чиновниктæй райсыны фæтк æрæвæрын æй фæндыди; Ичкерийы минæварад сæхгæнын æмæ цæцæйнаг сепаратисттимæ ахастдзинæдтæ фехалыныл фидар лæууыдис[4]. 2001-æм азы домдта Гуырдзыстоны иугонд коммунистон партийы архайд фæивар кæнын, уыцы парти «закъонон хицауад раппарынмæ кæй хъавы, уый тыххæй».

2001-æм азы куыстуæгъдмæ ацыдис, Эдуард Шеварднадзе æмæ йæ хицауады уæнгты коррупцийыл куы базилын кодта, уый фæстæ. Сарæзта йæхи политикон организаци, «Националон змæлд», зæгъгæ; йæ рæнхъытæм бацыдысты 20 мин адæймаджы[5].

2002-æм азæй — Тбилисы закъондæттæг æмбырды сæрдар[4].

Саакашвили (мидæгæй лæууы) æмæ иннæ оппозиционертæ Тбилисы Сæрибардзинады фæзы. 2003-æм азы ноябрь

2003-æм азы 2 ноябры Гуырдзыстон ахицæн сты парламентмæ æвзæрстытæ, фæлæ сæ фæстиуджытæ оппозицион партиты лидерты зæрдæмæ нæ фæцыдысты æмæ итогтыл не сразы сты. Блокто «Национ змæлд», «Бурджанадзе-Демократы» æмæ «Патиашвили-Иудзинад» райдыдтой ныхмæлæууыны акцитæ.

2003-æм азы 22 ноябры оппозиционертæ, сæ къухты уардитæУардиты революци»), афтæмæй байстой парламенты бæстыхай. Эдуард Шеварднадзе куыстуæгъды ацыд[6].

2004-æм азы Саакашвилийы «Национ змæлд» баиу кодта Зураб Жванияйы «Иугонд демократтимæ». Ног блокæн радтой ном «Национ змæлд — Демократтæ», йæ бындурыл фæстæдæр фæзындис Саакашвилийы ног парти — «Иугонд национ змæлд».

2003-æм азы 26 ноябры Саакашвили размæконд æрцыдис куыд дыууæ блочы иумæйаг кандидат — «Бурджанадзе — демократтæ» æмæ «Национ змæлд»-æй[4]. Ног президенты æвзæрстытыл 2004-æм азы 4 январы Саакашвилийыл схъæлæс кодтой æвзарджыты 96,27 %[7]. Уыцы иу азы мартъийы Саакашвили æмæ Бурджанадзейы иугонд блок райста 76 % фылдæр парламенты[4].

2007-æм азы сентябры Гуырдзыстон кæддæры хъахъхъæнынады министр Иракли Окруашвили сарæзта йæхи парти «Иугонд Гуырдыстоны сæрæппонд» æмæ архайæг хицауад коррупци æмæ зындгонд политиктæ марыныл зылын кæнын байдыдта. Окруашвилийы бацахстой æмæ, егъау ахæстаргъ куы бафыста, æрмæстдæр уæд Гуырдзыстонæй ратæрдтой (уый ацыд Францмæ). Уымæй раивылдысты 2007-æм азы ноябры протесттæ, Саакашвилийы хицауад тынг кæрз сæ æрсабыр кодта, сæдæгай адæм фæцæф сты.

2008-æм азы августы мæйы сфидар кодта Хуссар Ирыстонмæ бабырсты тыххæй барамынд (кæс Хуссар Ирыстоны хæст), цхинвайлаг администрацийы дæлбар зæххыл «конституцион фæтк фæстæмæ æрфидар кæныны» æфсонæн.

2013-æм азы, йæ президенты æмгъуыд кæронмæ куы нæма æрхæццæ, атахтис Брюссельмæ[8]. Уыцы иу азы декабры кусын райдыдта лекторæй америкаг Барад æмæ дипломатийы скъолайы Тафтсы университеты цур (штат Массачусетс)[9][10].

Михаил Саакашвили Евромайданы хайадисджытæн дæтты саламтæ. Киев, 2013 азы 17 декабры

Михаил Саакашвили хайад иста Украинæйы Оранжхуыз революцийы 2004 азы, Евромайданмæ дæр цæуын байдыдта. Уый нымад у уыцы цауы ахсджиагдæр архайджытæй иуыл[11][12], уым зылын кодта Уæрæсе, уый Укрæйынæйы рейдерты хуызы кæй бацæхста, ууыл[13][14].

2015-æм азы 30 майы Саакашвили нысангонд æрцыдис Одессæйы облæсты паддзахадон администрацийы сæргълæууæгæй. Уыцы бынаты куыста 2016-æм азы 7 ноябры онг[15], куыстæй куы ацыд, йæ рейтинг уыдис 26 %.

2015 азы 4 декабры Гуырдзыстоны президент Георгий Маргвелашвили Саакашвилийы Гуырдзыстоны граждандзинадæй фæцух кодта, уый иннæ бæстæйы граждандзинад кæй райста, уый тыххæй (Гуырдзыстоны президенты барамынд № 378). Уыцы иу бонæй нал уыд политикон парти «Иугонд национ змæлды» сæрдар[16].

2017-æм азы 26 июлы Украинæйы президент Пётр Порошенко Украинæйы граждандзинад дæр Саакашвилийæ райста, 2015-æм азы йæ анкетæйы мæнг информаци кæй бацамыдта, уыцы аххосæй[17][18][19]. Уыцы бон Саакашвили уыд балцы АИШ-мæ[20]. Афтæмæй кæддæры Гуырдзыстоны президент сси граждандзинад кæмæ нæй, ахæм адæймаг.

2017 азы ноябры социалон хыз Facebook-ы равæрдтой италиаг режиссёр Джана Мичессоны документалон фильм, кæцы равдыста Саакашвилийы бастдзинад, Евромайданы адæмы чи ахста, уыцы снайпертимæ. Ацы информаци сбæрæг кодта гуырдзиаг æфсады инæлар Тристан Цителашвили дæр æмæ мидхъуыддæгты министр Александр Чикаидзе[21][22]. Официалон слест нæма сбæрæг кодта, ацы снайпертæ чи уыдысты, уый.

Ногæй Гуырдзыстоны

[ивын | Бындур ивын]

2021-æм азы сентябры Саакашвилийы æрцæхстой гуырдзиаг барадхъахъхъæнæг оргæнтæ, уый æнæзакъонæй Гуырдзыстонмæ бацæуынмæ куы хъавыдис, уæд[23]. Уæдæй фæстæмæ бады Рустауы ахæстоны, кæны дзы нæхæрыны протест[24]. Йе ’нæниздзинад ын кæй фæцудыдта, уый тыххæй йæ аластой Глданийы ахæстоны 18-æм дзæбæхгæнæн уагдонмæ[25]. 20 ноябры Саакашвили сразы ис юстицийы министрады хъарæныл æмæ ласт æрцыдис Гуры æфсæддон госпитальмæ, уый тыххæй æмæ дохтыртæ загътой, уый тынг рынчын, дам, у æмæ интенсивон терапи йæ хъæуы[26].

Михаил Саакашвили райгуырдис Тбилисы 1967 азы 21 декабры. Йæ мад, Гиули Аласания, у профессор-историк, Гуырдзыстоны астæузаман иртасæг. Йæ фыды фыдæлтæ сомихаг адæмæй рацыдысты, йæ фыд — дæсниадмæ гæсгæ у медик, ацыд æндæр бинонтæм Михаилы райгуырды размæ. Михаилы хъомыл кодтой мад æмæ мады ног лæг — профессор-психолог, стæй мадыфсымæр дипломат Темур Аласания дæр.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Micheil (Michail) Saakaschwili // Брокгаузы энциклопеди (нем.)
  2. Micheil Saakaschwili // Munzinger Personen (нем.)
  3. 3,0 3,1 3,2 Михаил Саакашвили, президент Грузии. Биография.. Грани.Ру (10 августы 2004). Датæ: 2008-æм азы 10 августы. Архив 2011-æм азы 23 августы.
  4. 4,0 4,1 4,2 4,3 Саакашвили Михаил Николозович — статья в энциклопедии «Кавказского узла»
  5. С. Кара-Мурза,; С. Телегин, А. Александров, М. Мурашкин. Глава 10. Грузия-2003: «Революция роз». Экспорт революции. Саакашвили, Ющенко .... Кара-Мурза.ру. Датæ: 2008-æм азы 10 августы.
  6. Революция роз. Шипы отдельно, лепестки отдельно(недоступная ссылка). Сми.ру. Датæ: 10 августа 2008. Архив 2012-æм азы 3 январы.
  7. Саакашвили победил окончательно (уырыс.)
  8. Саакашвили уехал из Грузии, чтобы дать народу от себя… // Интерфакс
  9. Михаил Саакашвили устроился преподавателем в американский вуз // spr.ru
  10. Саакашвили будет работать преподавателем в Америке // Gazeta.ua
  11. Российская империя прекратила существование на Евромайдане — Саакашвили|Обозреватель
  12. Саакашвили едет в Киев поддержать Евромайдан Архивгонд æрцыдис 8 декабры 2013 азы. // MIGnews.com.ua
  13. Саакашвили: События на Украине — это рейдерский захват путинской Россией // УНИАН
  14. Путин хочет отдалить Украину от Европы, чтобы её шантажировать, — Саакашвили // РБК-Украина | Евромайдан
  15. Глава Одесской ОГА Саакашвили подал в отставку (уырыс.)
  16. Партия Саакашвили сняла его с поста председателя // Интерфакс
  17. ntv.ru. СМИ сообщили о лишении Саакашвили гражданства Украины. НТВ. Датæ: 2017-æм азы 26 июлы.
  18. Депутат Рады сообщил о лишении Саакашвили украинского гражданства. Фæстаг фенд 2017-07-26.
  19. В Раде сообщили о лишении Саакашвили украинского гражданства, РИА Новости, 20170726T1612+0300Z. Фæстаг фенд 2017-07-26.
  20. Саакашвили заявил, что получил документы о лишении его гражданства Украины — РИА Новости, 25.10.2017
  21. Снайперы, что стреляли на Майдане, приехали в Украину по заданию Саакашвили, Новости Закарпатья. Архивгонд æрцыдис 1 декабры 2017 азы.
  22. "Украинский формат"(15.11). Архивгонд æрцыдис 17 ноябры 2021 азы.
  23. Бывший президент Грузии Михаил Саакашвили задержан и отправлен в тюрьму. BBC News Русская служба (1 октябры 2021). Датæ: 2021-æм азы 1 октябры.
  24. Михеил Саакашвилийы уавæр фæфыддæри, фæлæ нæхæргæ протест дарддæр кæны (ирон)
  25. 18-æм уагдоны сæйраг дохтыр — Михеил Саакашвилийæн уагъд цæуы алы хъæугæ лабораторион басгæрст, исы нысангонд медикаменттæ иууылдæр, йæ цардмæ тас не ртхъирæн кæны (ирон)
  26. Саакашвили перевели из тюремной больницы в военный госпиталь в Гори