Перейти к содержанию

Гуырдзыстоны президент

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Гуырдзыстоны президент (гуырдз. საქართველოს პრეზიდენტი) у Гуырдзыстоны паддзахады сæргълæууæг. Гуырдзыстон 2017-æм азæй у парламентон республикæ, æмæ йæ президент уæлдайдæр церемониалон хæстæ æххæст кæны, хицауады сæрдарæн фæлдæр хъомыс ис.

Президенты æвзарынц фондз азмæ (2018-24 азты — æхсæз азмæ), дыууæ æмгъуыдæй фылдæр президент уæвæн нæй.

Гуырдзыстон Советон Цæдисæй фæиппæрд 1991-æм азы 9 апрелы. Уыцы иу аз 27 майы фыццаг президенты æвзæрстыты фæстиуæгæн Гуырдзыстоны президент сси Звиад Гамсахурдия[1].

1991-æм азы декбры — 1992-æм азы январы бæстæйы сарæзтæуыд хæстон рафæлдæхт, уый фæстæ Гуырдзыстоны сæргъы слæууыд Эдуард Шеварднадзе, фæлæ президенты бынат 1995-æм афтид баззадис. 1995-æм азы 5 ноябры ног æвзæрстыты фæстиуæгæн Э. Шеварднадзе сси Гуырдзыстоны президент, ногæй йæ равзæрстой адæм 2000-æм азы 9 апрелы. Афтæ хуынд «уардиты революцийы» фæстæ Шеварднадзейы йе ’мгъуыды кæроны агъоммæ ацæуын бахъуыди.

2004-æм азы 4 январы Гуырдзыстоны цæрджытæ президентæй равзæрстой Михаил Саакашвили[2]. 2013-æм азы бæстæйы цыппар президент сси Георгий Маргвелашвили.

2018-æм азы 28 октябры æвзæрстытæ фæуæлахиз ис Саломе Зурабишвили[3].

Гуырдзыстоны ног конституцимæ гæсгæ (2017) паддзахад парламентон уагмæ куы рацæуы, уый тыххæй президенты æвзардзысты æппæт адæм нæ, фæлæ 300 æвзарæджы, се ’рдæг парламенты уæнгтæ уыдзысты, æндæр æрдæг та — регионты минæвæртæ.

Гуырдзыстоны президентты номхыгъд

[ивын | Бындур ивын]
Президент

(годы жизни)
Къам Кæдæй куыста Кæдмæ куыста Фиппаинаг
1 Звиад Гамсахурдиа

(1939—1993)
1991-æм азы 14 апрелы 1993-æм азы 31 декабры Хицауиуæг нал кодта 1992 азы 6 январæй, мидхæсты аххосæй йæ бынатæй иппæрд æрцыд
2 Эдуард Шеварднадзе

(1928—2014)
1995-æм азы 25 ноябры 2003-æм азы 23 ноябры Бæстæйы сæргълæууæг 1992 азы 10 мартъийыйæ
Нино Бурджанадзе

(райг. 1964)
2003-æм азы 23 ноябры 2004-æм азы 25 январы Парламенты сæрдар уæвгæйæ президенты хæстæ æххæст кодта æвзæрстыты онг
3 Михаил Саакашвили

(райг. 1967)
2004-æм азы 25 январы 2007-æм азы 25 ноябры
Нино Бурджанадзе

(райг. 1964)
2007-æм азы 25 ноябры 2008-æм азы 20 январы Парламенты сæрдар уæвгæйæ президенты хæстæ æххæст кодта æвзæрстыты онг
3 Михаил Саакашвили

(райг. 1967)
2008-æм азы 20 январы 2013-æм азы 17 ноябры
4 Георги Маргвелашвили

(райг. 1969)
2013-æм азы 17 ноябры 2018-æм азы 16 декабры
5 Саломе Зурабишвили

(райг. 1952)
2018-æм азы 16 декабры 2024-æм азы 29 декабры
6 Михаил Хъавелашвили

(райг. 1971)
2024-æм азы 29 декабры Ныры онг

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]

Æддаг æрмæг

[ивын | Бындур ивын]