Окруашвили, Иракъли
| Иракъли Окруашвили | |
|---|---|
| гуырдз. ირაკლი კობას ძე ოქრუაშვილი | |
| | |
|
| |
| 2004-æм азы 7 июны — 2004-æм азы 17 декабры | |
| Раздæр чи уыд | Георгий Барамидзе[d] |
| Фæстæдæр | Вано Мерабишвили |
| 2006-æм азы 10 ноябры — 2006-æм азы 17 ноябры | |
| Раздæр чи уыд | Иракли Чоговадзе[d] |
| Фæстæдæр | Георгий Арвеладзе[d] |
| 2004-æм азы 17 декабры — 2006-æм азы 10 ноябры | |
| Раздæр чи уыд | Георгий Барамидзе[d] |
| Фæстæдæр | Давид Кезерашвили[d] |
| Райгуырдис |
1973-æм азы 6 ноябры[1] (52 азы) |
| Парти | |
| Ахуырад | |
Иракъли Къобайы фырт Окруашвили (гуырдз. ირაკლი კობას ძე ოქრუაშვილი [иракъли къобас дзе Окруашвили]; райгуырдис 1973-æм азы 6 ноябры, Цхинвалы) у Гуырдзыстоны политикон æмæ æфсæддон архайæг, паддзахады хъахъхъæнынады министр 2004—2006 азты[2].
Йæ дæсныйадмæ гæсгæ у юрист, каст фæцис Тбилисы паддзахадон университеты æхсæнадæмон барад æмæ æхсæнадæмон ахастыты факультет (1995).
2008-æм азы апрелæй цардис Францы куыд политикон лигъдон[3]. 2012-æм азы йæ къухы бафтыдис Гуырдзыстонмæ раздахын, уым афæлвæрдта политикон парти саразын, фæлæ парламенты æвзæрстыты фембылды ис[4].
2022-æм азы мартъийы 48-аздзыд Окруашвили афтыдис Украинæмæ, Киевмæ ’ввахс иннæ фæсарæйнæгтимæ иу къорды хæцыдис Уæрæсейы æфсады ныхмæ[5]. 13 апрелы Украинæйæ ацыдис фæстæмæ Гуырдзыстонмæ[6].