Джыккайты Шамил: различия между версиями

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Содержимое удалено Содержимое добавлено
Нет описания правки
чНет описания правки
Рæнхъ 15: Рæнхъ 15:
* Уацмыстæ
* Уацмыстæ
** [http://biblio.darial-online.ru/text/Kotsoev/os01.shtml Ирон аив дзырды зæрингуырд] ([[Коцойты Арсен]]ы сфæлдыстадыл афæлгæст)
** [http://biblio.darial-online.ru/text/Kotsoev/os01.shtml Ирон аив дзырды зæрингуырд] ([[Коцойты Арсен]]ы сфæлдыстадыл афæлгæст)

== Фиппаинæгтæ ==
{{фиппаинæгтæ}}


{{къæртт-ирон}}
{{къæртт-ирон}}

Фæлтæр 15:39, 26 майы 2011

Джыккайты Шамил

Джыккайты Федыры фырт Шамил (19402011) у ирон фыссæг, поэт, ирон литературæ иртасæг, профессор æмæ æхсæнадон архайæг. Куыста ЦИПУ-йы.

Джыккайты Шамил райгуырдис Хуссар Ирыстоны Дзомагъы хъæуы 1940-æм азы. 1952-æм азы йæ бинонтæ ралыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ æмæ æрцардысты Камбилеевкæйы хъæуы. Шамил каст фæци астæуккаг скъола, Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты филологон факультет æмæ ЦИНИИ-ы аспирантурæ. Куыста телевизион студийы. Фæстæдæр та уыдис Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ирон филологийы факультеты декан.

Поэты æмдзæвгæты фыццаг чиныг «Æфсарм» рацыди 1964-æм азы. Уый фæстæ ма рауагъта фондз поэтикон æмбырдгонды. Сæ сæйрагдæртæ сты «Æхсæвы æртытæ» (Ордж., 1990) æмæ «Саст дзæнгæрæг» (Дз., 2000).

Шамил канд поэт нæу, фæлæ драматург, прозаик, литературæиртасæг æмæ тæлмацгæнæг дæр. Йæ пьесæтæ «Хъодыгонд зæд» æмæ «Цомахъ» æвæрд æрцыдысты Ирон театры сценæйы. Джыккайы-фырт бирæ бакуыста ирон фысджытæй иукъорды сфæлдыстадон бынтæ бабиноныг кæныныл æмæ джиппы рауадзыныл, ныффыста Коцойты Арсены, Брытъиаты Елбыздыхъойы, Гæдиаты Цомахъы, Барахъты Гинойы, Байаты Гаппойы, Нигеры, Плиты Грисы, Цæрукъаты Алыксандры æмæ иннæты сфæлдыстадон портреттæ. 2002-æм азы та рауагъта «Ирон литературæйы истори (19171956)». Ацы куыст автор ныффыста иронау æмæ стыр ахъаз у канд студенттæн нæ, фæлæ скъолаты ахуыргæнджытæн дæр.

Шамил ирон æвзагмæ раивта Шекспиры «Къарол Лир», Софоклы «Эдип-паддзах», Э. Ростаны «Сирано де Бержерак», У. Сарояны, Р. Лоуренсы, Ж. Шехадейы драмæтæ, Байроны, Бёрнсы, Лермонтовы æмæ бирæ æндæр авторты уацмыстæ.

2011-æм азы 26 майы Джыккайты Шамилы мард ссардтой Дзæуджыхъæуы хуссары, куыд фехъусын кодтой барадхъахъхъæнджытæ, уый амардис цæфтæй. Цæуы слест[1].

Æддаг æрмæг

Фиппаинæгтæ