Ирон филологи

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Ирон филологи у, ирон æвзаг æмæ уыимæ баст культурæ (фольклор, литературæ æмæ афтæ дарддæр) чи иртасы, ахæм зонад.

Ирон филологийы артдзæстытæ сты Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет, Цæгат Ирыстон паддзахадон педагогон институт, Цæгат Ирыстоны гумманитарон иртасæнты институт, Хуссар Ирыстоны Уанеты Захары номыл зонадон-иртасæн институт æмæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет.

Истори[ивын | Бындур ивын]

Ирон æвзаджы иртасæнты бындур сæвæрдтой Н. Витсен, И. А. Гюльденштедт, Я. Рейнеггс куыстытæ. Ахсджиаг уацмыс у Ю. фон Клапроты чиныг «Балц Кавказ æмæ Гуырдзыстонмæ» (1812). Клапрот сси, ирон æвзаг æмæ алайнаг æвзаджы бастдзинад фыццаг хатт чи бафиппайдта, уыцы лæг.

1835-1836 азты Андреас Шёгрен иртæста ирон æвзаг æмæ ирон адæмы цард. Йæ иртасæнты фæстиуæг рауагъта Бетъырбухы 1844-æм азы[1].

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]