Новруз
Новруз (Навруз, Нооруз, Наурыз, Наврез) перс. نو روز — Now ruz, тадж. Наврӯз, курд. Newroz, узб. Navroʻz, азерб. Novruz, туркм. Nowruz, хъаз. Наурыз, хъыргъ. Нооруз, тур. Nevruz, хъырым. Navrez) — уалдзæджы æмæ Ног азы бæрæгбон, ирайнаг, кавказаг æмæ тюркаг адæмыхæттытæм. Ном Навруз цæуы (перс. نو روز — Now ruz) ирайнаг æвзæгтæй æмæ телмацы дæтты «ног бон».
Бæрæг æй фæкæнынц уалдзыгон бонæмиасады рæстæг: 21-æм мартъийы Ираны, Астæуккаг Азийы республикæты æмæ Азербайджаны, паддзахадон бæрæгбоны хуызæн Таджикистаны (4 боны) æмæ Хъазахстаны 22-æм мартъийы, Узбекистаны æмæ Турчы — 21 мартъийы. Навруз ма у ног азы райдайæн бахаи къæлиндармæ гæсгæ.
Ноуруз (نوروز) — ирайнаг къæлиндары фыццаг бон, уалдзæджы райдайæн, аккаг у мæй Фарвардины (فروردین) Ормазд бонæн (21 мартъимæ æввахс); бонæмиасад — бон æмæ æхсæвы æмхуызонад; рæзт æмæ дидинæфтыды сезоны райдиан.
Ираны ацы бæрæгбоны дæргъ вæййы 13 боны, фыццаг фондз боны фæбæрæг кæнынц Новрузы æрцыд æмæ хæстæджытыл æмæ æмбæлдтыл фæзилынц. Дæсæм бон хуыйны Шахрйаран Ноуруз (Сахты Ноуруз), æртындæсæм бон та Сизда-бедар (سیزده به در) («Æртындæсæм хæдзары 'ттæ»).
Ноурузæн ис незамантæй истори. Поэмæ «Шахнамейы» (شاهنامه) йæ бæрæгкæныны райдиан баст цæуы Сах Джамшиды (جمشید) паддзахиуæджы райдайæнимæ (ардыгæй арæх пайдагонд цы номæй вæййы заратуштриæгты æхсæн — «Джамшиди Ноуруз», æмæ Сахты коронацийы традици).
Ныхас ноуруз фыццаг рабæрæг ис персайнаг равзæрæнты дыккæгæм æнусы фæлæ хъуыдтаг йæхæдæг бæрæггонд цыдис Ахаменидты династийы рæстæджы 648—330 æзты мах эрæйы агоммæ. Уыцы бæтты Персы империйы провинциты хицæуттæ хастой лæвæрттæ шахиншахæн[1].
…словно Солнце небесных высот, |
Новрузмæ цæттæгæнæн
[ивын | Бындур ивын]Рагон æгъдаумæ гæсгæ Новрузы æрбацыдмæ адæм хъуамæ бафснайой сæ хæдзæртты мидæг æмæ алыварс, хæстæ иууылдæр бафидой.
Фæткон ритуал Новрузы у хафт сины (هفت سین) сарæзтад. Хафт син арæзт у авд хайæ, сæ нæмттæ та райдайынц дамгъæ Ц-йæ (S кæнæ Sîn (س) персайнаг алфавиты).
Бæрæгбоны фынгыл æвæрд æрцæуынц тымбыл лауызгæндтæ мæнæуæй, хъæбæрхорæй, еууæй, нартхорæй, хъæдурæй, тымбылхъæдурæй, пырындзæй, кунжутæй. Новрудзы саразынц хæринæгтæ авд алыхуызон хæринаджы фылдæр зайæг продукттæй, тæккæ хъуыстгонддæр бæрæгбоны хæринаг у сумаляк — мæнæуы задæй арæзт хæринаг.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Norouz in the Course of History(недоступная ссылка). Датæ: 2010-æм азы 20 январы. Архив 2007-æм азы 21 мартъийы.