Махъоты Ацæмæз
Махъоты Ацæмæз | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1957-æм азы 15 февралы (67 азы) |
Райгуырæны бынат | |
Бæстæ | |
Професситæ | композитор |
Инструменттæ | фортепиано[d] |
Жанртæ | симфони[d], кантатæ[d] æмæ оперæ |
Хорзæхтæ |
Махъоты[1] Владимиры фырт Ацæмæз (райгуырдис Беслæны[2] 1957-æм азы) у композитор, Цæгат Ирыстоны аивæдты сгуыхт кусæг, Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы Композиторты цæдисы сæрдар, Цæгат Ирыстоны паддзахадон филармонийы директор[3].
Схъомыл ис Беслæны, йæ мад куыста уыцы сахары 1-æм скъолайы уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй.
Махъоты Ацæмæз ахуыр кодта Ленинграды æмæ Ереваны консерваториты. 1986-æм азæй дæс азы дæргъы куыста Цæгат Ирыстоны драмон театры, 1996-æм азы фæстæ уыдис уыцы театрæн йæ аивадон разамонæг.
Махъойы-фырт ныффыста цыппар симфонийы, оперæ «Алантæ», концерт «Азы хроникæ», балет «Планетæты парад», æртæ мюзиклы, сæдæ зарджытæй фылдæр æмæ æндæр музыкалон уацмыстæ.
Беслæны бæллах куы ’рцыди, уый 50 боны фыста ног симфони, «Мæ фыдыбæстæ Беслæн», зæгъгæ. Уыцы симфони фыццаг хатт хъуыстгонд уыди Дзæуджыхъæуы 2005-æм азы. Симфонийы хъуысынц сылгоймаджы хъæлæс æмæ Цæлыккаты Феликсы æмдзæвгæтæ.
Ис ын æртæ чызджы.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Магкотæй дæр æй фыссынц // „Гергиты Валери Филармонийы директор Магкоты Ацæмæзæн фехъусын кодта æхсызгон хабар...“ Архивгонд æрцыдис 16 январы 2017 азы.
- ↑ Ацы интервьюмæ гæсгæ, фæлæ æндæр ратæдзæнтæм гæсгæ райгуырдис Дзæуджыхъæуы: Во Владикавказе отметили юбилей композитора Ацамаза Макоева(æнæбаххæсгæ æрвитæн).
- ↑ Байгом паддзахадон филармонийы 68-æм сезон. Видеосюжет
- 15 февралы чи райгуырдис, уыдон
- 1957-æм азы чи райгуырдис, уыдон
- Беслæны чи райгуырдис, уыдон
- Уæрæсейы Федерацийы аивæдты сгуыхт архайджытæ
- Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреаттæ
- Зындгонд адæм алфавитмæ гæсгæ
- Музыканттæ алфавитмæ гæсгæ
- Композитортæ
- Дзæуджыхъæуы зындгонд адæм
- РЦИ — Аланийы аивæдты сгуыхт архайджытæ
- Махъотæ