Перейти к содержанию

Лохты Владимир

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Лохты Владимир
Райгуырды датæ 1924-æм азы 22 декабры(1924-12-22)
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 2002
Мæлæты бынат
Æфсæдты хуыз Первое главное управление КГБ СССР[d]
Хуындад булкъон[d]
Хорзæхтæ æмæ премитæ
Фæллойадон Сырх Тырысайы орден Сырх Стъалыйы орден медаль «За боевые заслуги» медаль «В ознаменование 100-летия со дня рождения Владимира Ильича Ленина» медаль «За победу над Германией в Великой Отечественной войне 1941—1945 гг.» юбилейная медаль «Двадцать лет Победы в Великой Отечественной войне 1941—1945 гг.» медаль «Ветеран Вооружённых Сил СССР» юбилейная медаль «30 лет Советской Армии и Флота» юбилейная медаль «40 лет Вооружённых Сил СССР» юбилейная медаль «50 лет Вооружённых Сил СССР» юбилейная медаль «60 лет Вооружённых Сил СССР» юбилейная медаль «70 лет Вооружённых Сил СССР» медаль «За безупречную службу» I степени медаль «За безупречную службу» II степени медаль «За безупречную службу» III степени

Лохты Иосифы фырт Владимир (райгуырдис 1924-æм азы, Пичъиджыны — амардис 2002-æм азы, Мæскуыйы) — уыдис советон æнæлегал развæдсгарæг, КГБ-йы булкъон.

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

Лохты Владимир райгуырдис Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Пичъиджыны хъæуы 1924-æм азы 22-æм декабры. 1942-æм азæй 1947-æм азмæ службæ кодта мидхъуыддæгты министрады æфсæдты дивизийы взводы командиры курсант æмæ æххуысгæнæгæй. Демобилизацийы фæстæ 1948-æм азы апрелы онг куыста Знауыры райкомы инструкторæй. 1953-æм азы тынг хорз нысæнттыл каст фæцис Азербайджаны паддзахадон университеты юридикон факультет. 1952-æм азы 4-æм курсы студент уæвгæйæ, Азербайджаны коммунистон партийы Ворошиловы райкомы рекомендацимæ гæсгæ, службæ кæнынмæ ист æрцыд паддзахадон æдасдзинады органтæм. Владимир йæхи равдыста цæсгомджын æмæ инициативон кусæгæй, агентурæимæ куысты фæлтæрддзинад райсгæйæ. 1957-æм азы цæттæдзинад цыд паддзахадон æдасдзинады комитеты развæдсгарæг-æнæлегалы куысты фæдыл. Йæ сæрмагонд æмæ хъуыддагон миниуджытæ сбæрæг кæныны нысанæн æрвыст æрцыд Мæскуымæ æмæ уым дæр йæхи равдыста æрмæстдæр æвæрццагæй. 1958-1959 азты Владимир цард Астæуккаг Азийы советон республикæтæй сæ иуы, цыран æххæст кодта йæ зонындзинæдтæ фæсарæйнаг æвзагæй йæ куысты тыххæй. 1960-æм азæй 1962-æм азмæ уыд командировкæйы фæсарæйнаг бæстæтæй сæ иуы. Йæ балцы рæстæджы æххæстæй базыдта бынæттон æвзаг æмæ йæ зонындзинæдтæ скодта уыцы къæпхæны онг, цæмæй йæхи æвдыстаид цæрæнбонты ацы бæстæйы чи фæцард, ахæм адæймагæй.

Ирон развæдсгарæг йæ цардæй ахицæн 2002 азы. Æфсæддон кадимæ ныгæд æрцыд Троекуровойы уæлмæрдты.

Хæрзиуæджытæ

[ивын | Бындур ивын]
  • «За боевые заслуги»-йы майдан (1967)
  • «Паддзахадон æдасдзинады кадджын кусæг» (1970)
  • Сырх Стъалыйы орден (1977)
  • Фæллойы Сырх Тырысайы орден (1985)

Æрвитæнтæ

[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]