Либерти (компани)

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Либерти-æй æрвыст)

ÆБÆ «Либерти»уæрæсейаг специализацигонд туристон компани цыбыр фадæттимæ адæймæгтæн, туроператор, архайы Бетъырбухы 2004-æм азæй фæстæмæ. Организаци туристон лæггæдтæ дæтты къаласкæтыл инвалидтæн æрмæст, алыхуызон сахайраг фенддæгты адаптаци дæр кæны ацы адæймæгтæн. Бетъырбухы æддейæ ма туртæ организаци цæуынц Новгороды, Выборджы, Уæрæсейы Сыгъзæрин цæджы, Киевы æмæ æндæр культурон центрты постсоветон тыгъдады територийыл; ис ноджы туртæ Европæйыл: Францы, Италийы, Чехийы æ.а.д.

Истори[ивын | Бындур ивын]

Компани бындурæвæрд æрцыд 2004-æм азы Бетъырбухы экскурсигæнджытæ Наталья Гаспарян æмæ Мария Бондарæй[1]. Райдайæнæй хуыдтой немыцаг туристты Бетъырбухмæ[2].

2010-æм азы компани рамбылда æппæтуæрæсеон социалон амалиуæгдарты конкурс æмæ райста æнæпроцентон æфстау 1,7 млн регионалон социалон программæты фонд «Нæ фидæн»-æй. Разæнгардæй кæны æхсæнадон архайд; музейты æххæстаргъ пандустæй ифтонг кæныны проектты бакуыст æмæ реализаци кæны, цæмæй тулгæкъæлæтджынтыл адæмæгты бауадæн æнцонвадат уой. Турфирмæйы пъланты ис аслам хостелы æмæ къайады агентады арæзт, æмæ «аслам туризмы» фæндагамонджыты æмæ журналты рауагъд дæр[3][4][5].

2012-æм азы Наталья Гаспарян æмæ Мария Бондарь «Хæрзгæнæн импульс»-ы премийы лауреаттæ сысты социалон амалхъомад Уæрæсейы парахаткæнын æмæ размæкæныны бавæрды тыххæй[6].

2012-æм азы журнал «Сноб» равзæрста «Либерти»-йы 5 æнтыстджын уæрæсейаг компанийы нымæцы социалон бизнесы сферæйы, а рауагъды бæрæггæнæнтæй гæсгæ компанийы афæдзы æрзылд 4 млн сыстади[7].

Фирмæйы бындурæвæрджыты нымæцы сты Бетъырбухы инвалидты регионалон æхсæнадон организаци æмæ инвалидтæн сахайраг социалон-политикон газет «Мах стæм æхсæнады хай»-ы аразджытæ. Компанийы пъланты ис туристон балцыты организаци кæнын æндæр хуызы инвалидтæн — къуырма адæймæгтæн[8].

Кæс ноджы[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

Æрвитæнтæ[ивын | Бындур ивын]