Хæрзгæнæн импульс (преми)
Преми «Хæрзгæнæн импульс» — æрвылазон уæрæсейаг преми, арæзт уыд Регионалон социалон программæты фондæй «Нæ фидæн». Дæттынц æй уæлдай æнтыстдзинады тыххæй социалон амалхъомад Уæрæсейы парахаткæныны тыххæй. Хорзæхгонд дзы вæййынц социалон амалиуæгдартæ, журналистытæ, уæлдæр ахуырдæттæ, æхсæнадон организацитæ æмæ паддзахадон оргæнты сæрглауджытæ.
Истори
[ивын | Бындур ивын]Премийы бындур æвæрд уыд 2011-æм азы, йæ нысан уыд фыдыбæстон хуыздæр социалон амалиуæгдарты сразæнгард кæнын æмæ паддзахады хъус бадарын социалон амалхъомад парахаткæныны фарстатæм Уæрæсейы. Фыццаг хорзæхджын кæныны мадзал скодтой 2012-æм азы.
2014-м азы премийн О загътой Дмитрий Медведев, Сергей Нарышкин æмæ Валентинæ Матвиенко.[1][2] Иумæйаг премиалон фонд сси 2 милуан æмæ 400 мин сомы.
2015-æм азæй преми хорзæхгонд цæуы авд номинацийы.[3] Æхсæнадон советы уæнгтæм хауынц Регионалон социалон программæты Фонд «Нæ фидæн»-ы бындур æвæрджытæ, бизнесмен Вагит Алекперов, Волоколомскы метрополит Иларион(Алфеев), эстрадон зарæггæнæг Лев Лещенко, Арктикæ иртасæг Артур Чилингаров æмæ æндæртæ.
Æртæ азмæ преми райстой дæсгай адæймæгтæ Уæрæсейы фылдæр регионтæй.
2012-æм азы премийы лауреаттæ
[ивын | Бындур ивын]2012-æм азы преми исынмæ размæ хаст уыд 194 номинанты, уыдонæй 30 уыдысты хорзæхгонд. Афтæ преми уыд лæвæрд «Фермерты скъола»-йæн, хъæууон-хæдзарадон куыстуатæн, конд дзы и хорзгæнæн курсытæ зын æнахъомтæн æппæт Уæрæсейæ. Ноджы «Фермерты скъола» кæны профессионалон здæхт сывæллæттæн-инвалидтæн, ахуырдæтты студентытæн, кæцытæ хи цæрæнуатæй хъуаг æййафынц. Уыцы аз преми райстой Коломнæйы пастилайы куыстуат-музей бындурæвæрджытæ. Уыдон сног кодтой зæронд уырыссаг адджинаджы рауагъд æмæ сæ куыстуаты фæдзырдтой цыбыр фадæттимæ адæмы аххуысмæ.[4] Уæлахиздзауты ’хсæн уыд компани «Либерти», кæцы парахат кæны инвалидтæн туризм.
2013-æм аз
[ивын | Бындур ивын]2013-æм азы номинаци «Социалон амалхъомад парахаткæныны хуыздæр корпоративон программæ»-йы рамбылдта проект «АГР». Иумæ йæ скодтой авиакомпани «Северсталь» æмæ Череповецы мэри. Проект здæхт у чысыл æмæ астауккаг бизнес регионы стынг кæныныл, уыдонимæ социалон амалхъомад дæр.[5]
2014-æм аз
[ивын | Бындур ивын]2014-æм азы номинаци «Хуыздæр фæсивæдон проект социалон амалхъомады сферæйы» лауреаттæ систы мæскуыйæгтæ Антон Кучумов æмæ Максим Попов. Дыууæ амалиуæгдары райдыдтой тынгад кæнын воркаут æмæ скодтой æнгæс проекттæ кæрæдзимæ нæкæсгæйæ. Иннæ номинацийы «Хи бавæрд социалон амалхъомад парахаткæнынæн» фыццаг бынат бацахста Алексей Маврин Бетъырбухæй. Уый бындур æрывæрдта «Æвджид»-æн (уырыс. «Опека») – Уæрæсейы стырдæр пансионаты хыз зæронд адæмæн.
Æддаг æрмæджытæ
[ивын | Бындур ивын]- Статья в краевой государственной газете «Наш Красноярский край»
- Социальный предприниматели Архангельска претендуют на премию «Импульс добра»
- Югра удостоена премии «Импульс добра» Архивгонд æрцыдис 10 мартъийы 2016 азы.
- В Москве вручили «Импульс добра»
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Сюжет на КМ TV
- ↑ ИТАР-ТАСС
- ↑ РБК Инновации(недоступная ссылка). Датæ: 2015-æм азы 24 майы. Архив 2015-æм азы 22 апрелы.
- ↑ Импульсы добра минуют местные власти (статья в журнале «Экономика и жизнь»)
- ↑ Социальные проекты индустриального масштаба