Амадэль Тур
«Амадэль Тур» — уæрæсейаг туристон компани, туроператор, архайы 2000-æм азæй фæстæмæ. Компани хицæн кæны йæ лæггæдты æгъдауæй стæг-хæцъæфон низæй рынчын инвалидтæн æмæ гемодиализы хъуаг чи æййафы, уыдонæн. Проект «Инватуризм с Амадэль Тур» рамбылдта Æппæтуæрæсеон проектты конкурсы «Социалон амалиуæгдар — 2012» фонд «Нæ фидæн»-ы æххуыссимæ.
Инватуризмы географикон æргом здæзхт у Гречъимæ. Амадэль Турæй уæлдай ма инвалидтæн ахæм балцытæ аразы бетъырбухаг компани «Либерти».
Инватуризм
[ивын | Бындур ивын]Туристон компани «Амадэль Тур» арæзт æрцыдис 2000-æм азы. 2006-æм азы грекъаг курорт Лутракийы мэри балæггад кодта цалдæр хуызы улæфт инвалидтæн отелы бæзгæ фадæттимæ, цæуынхъом чи нæу, ахæм рынчынтæн. Уымæй уæлдай ма æнгом балæууыдысты гемодиализы центримæ уыцы горæты.
2012-æм азы «Амадэль Тур»-ы проект куы рамбылдта конкурсы «Социалон амалиуæгдар — 2012», уæд ын снысан кодтой æнæпроцентон æфстау 1,3 милуаны 5 азмæ[1][2]. Æхцатæй бафыстой хаццон (иу 500 000 сомы аз), «туроператоры фингаранти» (100 000 сомы аз), æнæмæнг бахаст «Турæххуысы» иугондмæ (100 000 сомы аз), æмæ отелы депозиттæ. Forbes-мæ гæсгæ, ахæм тæрхон радта фадат туристикон лæггæдты абаргæ ныллæг æргътыл хæцын[3].
Стæг-хæцъæфон низæй рынчын адæмæн æнцонвадат сты отелтæ Лутракийы кæнæ сакъадахты Эвбейы, Криты æмæ Корфуйы. Гемодиализы хъуаг адæмæн ма сæ бон у Гречъы æддæ спайда кæнын Италийы, Испанийы, Турчы, Араббы Иугонд Эмиратты, Мексикæйы æмæ æндæр бæстæты хæрзиуджытæй.
Компани йæ сæйраг æфтиаг æмбырд кæны классикон туризмы æгъдæутты руаджы, уымæн æмæ афтид социалон амалиуæгад уадиссаг æфтиаг нæ хæссы.
Кæс ноджы
[ивын | Бындур ивын]Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Инватуризм с Амадэль Тур(недоступная ссылка). Наше будущее (11 мая 2012). Датæ: 2015-æм азы 28 апрелы. Архив 2014-æм азы 2 июлы.
- ↑ Награждены победители Всероссийского конкурса «Социальный предприниматель-2012»(недоступная ссылка). Наше будущее (28 апреля 2012). Датæ: 2015-æм азы 28 апрелы. Архив 2016-æм азы 21 сентябры.
- ↑ Полина Санаева. Не ограниченные возможности: как работает социальный бизнес . Forbes (16 июля 2014). Датæ: 2015-æм азы 28 апрелы.