Перейти к содержанию

Лейлят аль-Кадр

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Лейлят аль-Кадр (арабб. لَيْلَةِ الْقَدْرِ‎‎) — хъысмæт лыггæнæн æхсæв. Вæййы Рамаданы мæйы дыууын æвдæмы.

Уыцы æхсæв Дунесфæлдисæг Пехуымпар Мæхæмæтæн ракодта Хъуыран ныффыссыны хорзæх. Уыцы æхсæв Дунесфæлдисæг алы адæймаджы хъысмæты тыххæй дæр рахæссы йæ тæрхон. Тæрхон та кæны, азы дæргъы йæм чи куыд табу кодта, чи йæм куыд куывта, чи дзы цы куырдта, азы дæргъы кæмæ цы зæрдæйы уаг æмæ зæрдæйы ахаст уыди, уымæ гæсгæ.

Хъысмæт лыггæнæн æхсæв пысылмон диныл æууæндæг адæм арвитынц мæзджыты, фæкæсынц Хъуыраны, фæкувынц, фæтабу кæнынц Дунесфæлдисæгмæ.[1]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Ирон æгъдæуттæ. Агънаты Гæстæн: Рецензенттæ Ходы Камал æмæ Чеджемты Геор. — Дзæуджыхъæу: Урсдон, 1999, 176 с.