Хъуыран

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Пысылмон дин
Пысылмон дины цæджындзтæ
Уырнындзинады цæджындзтæ
Истори
Сæйраг здæхтытæ
Теологи
Культурæ æмæ æхсæнад
Кæс ноджы
Викикъæбиц

Хъуыран, дыгур. Хъуран (арабб. أَلْقُرآن‎‎ — al-qur'ān) у пысылмон дины сæйраг сыгъдæг чиныг, араббаг æвзагыл фыст.

Хъуыраны 114 сурæйы (ома сæргонды) ис, стырдæртæй чысылдæртæм арæзт сты. Сурæты хицæн фразæтæ хуыйнынц айаттæ. Æдæппæт Хъуыраны дзырдты нымæц у 77934, тæккæ стырдæр сурæйы, дыккагæмы, ис 286 айаты, чысылдæрты та (103-аг, 108-æм æмæ 110-æм) — фæйнæ 3 айаты. Хъуыраны фыццаг сурæ, «Аль-Фатихæ», зындгонд у куыд «Хъуыраны мад»; пысылмон адæмы куыд уырны, уыцы сурæйы мидæг у æппæт Хъуыраны хъуыды.

Хъуыраны цъар

Уæрæсейы импери стыр ахъаз кодта Хъуыран парахат кæнынмæ. 1787 азы Екатеринæ II-ы указмæ гæсгæ Зонæдты академийы типографи мыхуырæй рауагъта Хъуыраны араббаг текст, цæмæй сыгъдæг чиныг лæвар парахат уа пысылмон уæрæсейæгты ’хсæн. 17891798 азты Бетъырбухы ма ныммыхуыр кодтой Хъуыраны фондз рауагъды. Уый фæстæ типографийы араббаг шрифт (хорз шрифтыл йæ нымайынц) ахæстой Хъазанмæ. Уым 1802 азæй 1859 азы онг куыста дунейы фыццаг пысылмон типографи, æмæ дзы ныммыхуыр кодтой 150 мин экземпляры Хъуыран.

Пысылмон дунейы фæзынди, Хъуыран чи æмбарын кæны, ахæм стыр литературæ. Уымæн йæ араббаг ном у тафсир (арабб. تفسير‎‎‎).

Кæс ноджы[ивын | Бындур ивын]

Æддаг æрмæг[ивын | Бындур ивын]