Перейти к содержанию

Ходы Камал

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Ходы Камал
Райгуырды датæ 1941-æм азы 26 январы(1941-01-26)
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 2021-æм азы 24 июны(2021-06-24) (80 азы)
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Ахуырад
Архайды хуыз поэт, тæлмацгæнæг, литературон критик
Сфæлдыстады азтæ 1962
Жанр поэзи
Уацмысты æвзаг ирон æмæ уырыссаг
Хорзæхтæ
Хæлардзинады орден Кады Нысан

Ходы Хазбийы фырт Камал (райгуырдис 1941-æм азы 26 январы Зæронд Бæтæхъойыхъæуы — амардис 2021-æм азы 24 июны) у зындгонд ирон поэт, тæлмацгæнæг, литературон критик, Цæгат Ирыстон — Аланийы Фысджыты Цæдисы сæрдар (1990 азæй). Камал у Цæгат Ирыстоны гимны автор.

1970 азы каст фæци Мæскуыйы Горькийы номыл литературон институт. Фыста районты газеттæм, куыста Цæгат Ирыстоны телеуынынады, дæс азæй фылдæр разамынд лæвæрдта «Мах дуджы» критикæ æмæ публицистикæйы хайадæн. Чиныгуадзæн «Ир»-ы редакторæй куыста. 1985-1989 азты уыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон драмон театры директор.

Æддаг æрмæг

[ивын | Бындур ивын]