Къозонты Мураз

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Къозонты Мураз Мæскуыйы. 2008-æм азы декабры къам

Къозонты Сандройы фырт Мураз (райгуырдис 1936-æм азы Ручъы) у Анголæйы (Африкæ) Бенгелы университеты профессор, зындгонд полиглот. 2006-æм азы уый уыдис Хуссар Ирыстоны, фембæлдис паддзахадон университеты студенттимæ æмæ сын радзырдта йæ цардвæндаджы тыххæй, Африкæйы йæ куысты хабæрттæ. 2008-æм азы дæр æрбацыдис йæ райгуырæн бæстæ бабæрæг кæнынмæ.

Къозоны-фырт райгуырдис Дзауы районы Ручъы хъæуы. 1954-æм азы астæуккаг скъола каст куы фæцис, уæд фæлварæнтæ радта Сталиниры паддзахадон пединституты историон-филологион факультетмæ æмæ йæ каст фæцис иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ. Цалдæр азы ахуыргæнæгæй бакуыста йæ райгуырæн хъæуы астæуккаг скъолайы, кодта фæскомцæдисон куыст. Уый фæстæ ацыдис Къахетмæ æмæ уым сахуыр кодта гуырдзиаг æвзаг хæрз цыбыр æмгъуыдмæ, стæй та ацыдис Бакомæ æмæ уым та сахуыр кодта азербайджанаг æвзаг.

Фæстæдæр ахуыр кæнынмæ бацыдис аспирантурæмæ Цæгат Ирыстоны, бахъахъхъæдта кандидатон диссертаци. Уый фæстæ редактор уыд ССР Цæдисы Зонæдты академийы журнал «Латинаг Америкæ»-йæн.

Уый бирæ азты дæргъы уацхæссæгæй фæкуыста Мыхуыры агентад «Новости»-йы (АПН). Ацы бынаты кусгæйæ уый арæх балцыты уыд дунейы алы бæстæты æмæ дзы мыхуырæн канд æрмæг не ’мбырд кодта, фæлæ ма прессæйæн дæр кодта анализ. Иу рæстæджы ма куыста тæлмацгæнæгæй Иугонд Нациты Организацийы (ООН). Тæлмац кодта испайнаг æвзагæй.

Къозоны-фырт у полиглот, зоны цалдæр фæсарæйнаг æвзаджы. Анголæйы, Бенгелы университеты та бирæ азты дæргъы лекцитæ кæсы португайлаг æвзагыл. Ам ссис профессор дæр.

Африкæйы уæвгæйæ Къозонты Мураз йæ сæйраг куысты æмрæнхъ дзæвгар азты дæргъы ахуыр кодта Индийæ Африкæмæ Аланты истори æмæ дзы ссардта археологион æрмæджытæ, кæцытæ æвдисæн сты, алантæ ацы бынаты кæй уыдысты, уымæн. Уыцы темæйы фæдыл Мураз ныффыста 12 иртасæн куысты æмæ дзы сæ иу мыхуыр уыд газет «Южная Осетия»-йы 2004-æм азы.

Муразæн Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты студенттимæ цы фембæлд уыд, уым уый æрдзырдта ацы уæлдæр ахуыргæнæндонмæ йæ уарзондзинады тыххæй, уымæн æмæ йæхæдæг дæр ахуыр кодта ам. Радзырдта ма ирон адæмы ивгъуыд æмæ абоны историйыл. Лæмбынæг ныхас кодта, æвзæгты куыд ахуыр кæны, уыцы методикæйыл, ома, куы дæ фæнда æвзæгтæ ахуыр кæнын, уæд æй цыбыр рæстæгмæ дæр сахуыр кæндзынæ æмæ студенттæн ацы хъуыддаджы бацамыдта йæ фæлтæрддзинад. Афтæ ма радзырдта Африкæйы аланты фыдæлты фæдтæ куыд агуырдта, уыцы куыстыты тыххæй.

Уый ма фæнд кæны Тибетмæ ацæуын, уымæн æмæ лæмбынæг ахуыр кæны теологи.

Æддаг æрмæг[ивын | Бындур ивын]