Къибирты Амырхан
Внешний вид
Къибирты Яковы фырт Амырхан, дыгур. Къибирти Амурхан[1] (райгуырдис 1944-æм азы Сырх Дыгуры) у дыгурон поэт æмæ тæлмацгæнæг.
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Къибирты Тимур райгуырдис Æрæфы районы Сырх Дыгуры хъæуы. Астæуккаг скъолайы фæстæ каст фæци Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты филологион факультет. Куыста ахуыргæнæгæй йæ райгуырæн хъæуы астæуккаг скъолайы, Æрæфы районы газет «Коммунист»-ы редакцийы.
Йе ’мдзæвгæтæ хицæн чиныгæй рацыдысты 1996 азы Дзæуджыхъæуы. Чиныджы ном — «Гъæдæрæхснæг». Æмдзæвгæтæ фыссынæй дарддæр Амырхан кæны тæлмац дæр — дыгурон диалектмæ раивта Э. Хемингуэйы «Зæронд лæг æмæ денджыз», Ч. Айтматовы «Урс нау», Пушкины, Лермонтовы, Феты, Къибирты Тимуры æмæ иннæты æмдзæвгæтæ.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Ирыстоны поэзи // Чиныг сарæзта æмæ цыбыр биографион зонæнтæ ныффыста Хъодзаты Æхсар. Дзæуджыхъæу, Издательство «Веста», 2012