Къибирты Тимур
Къибирты Тимур | |
---|---|
Гуырæн ном | Дзопойты Тимур |
Райгуырды датæ | 1955-æм азы 15 февралы[1] (69 азы) |
Райгуырæны бынат | |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Ахуырад | |
Архайды хуыз | поэт, тæлмацгæнæг |
Сфæлдыстады азтæ | 1980 — |
Уацмысты æвзаг | уырыссаг[2] æмæ ирон[3] |
kibirov.poet-premium.ru | |
Викикъæбицы медиа |
Къибирты Тимур (райгуырдис 1955-æм азы 15 февралы Шепетовкæйы) у, ирон уидæгтæ кæмæн ис, ахæм нырыккон уырыссаг поэт; йе ’цæг ном у Дзопойты Юрийы фырт Тимур, фæсномыгæн райста йæ фыдымады мыггаг.
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Къибирты Тимур райгуырдис советон æфсады афицеры бинонты ’хсæн, Украинæйы сахар Шепетовкæйы. Йæ мад куыста ахуыргæнæгæй астæуккаг скъолайы.
Тимур каст фæцис Мæскуыйы облæсты паддзахадон университеты (уырыс. Московский государственный областной университет; МОПИ) историон-филологион факультет.
Æндæр æмæ æндæр азты Къибирты Тимур уыдис рауагъд «Пушкин»-ы сæйраг редактор, телекомпани НТВ-йы, радиостанцæ «Культурæ»-йы кусæг.
1995-æм азæй Тимур у уырыссаг Пен-клубы уæнг, 1997-æм азы ссис журнал «Литературное обозрение»-йы редакцион советы уæнг.
Тæлмацгæнæджы архайд
[ивын | Бындур ивын]Къибирты Тимур дæлрæнхъонты фæрцы уырыссаг æвзагмæ ратæлмац къодта ирон поэт Хъодзаты Æхсары бирæ æмдзæвгæтæ.
Æрвитæнтæ
[ивын | Бындур ивын]- Хъодзаты Æхсары поэмæ «Дыууадæстæнон» Къибирты Тимуры тæлмацæй.
- Къибирты Тимуры интервью. «Независимая газета», 1997 (Гусалты Барисы ирон тæлмац)
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Русская литература XX века. Прозаики, поэты, драматурги (уырыс.) / под ред. Н. Н. Скатов — 2005. — ISBN 5-94848-262-6
- ↑ Bibliothèque nationale de France идентификатор BNF (фр.): гом бæрæггæнæнты платформæ — 2011.
- ↑ Чешская национальная авторитетная база данных