Дзауы æхсæнад

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Дзауы æхсæнад
Гуфтайы хид
Гуфтайы хид
Бæстæ Хуссар Ирыстон Хуссар Ирыстон
Районтæ Дзауы район, Цхинвалы район
Картæ
Дзауы æхсæнад (Хуссар Ирыстон)
Дзауы æхсæнад

Дзауы æхсæнад уыд æхсæнад Хуссар Ирыстоны.

Географи[ивын | Бындур ивын]

Дзауы комы, Стыр Леуахийæн йæ астæуккаг кæлæны дарддæр æрбынат уыди дзæвгар хъæубæстæ, кæцыйæн йæ сæйраг хъæу уыди Дзау. Йæ алыварс æрбынат кодтой сыхаг хъæубæстæтæ æмæ сæ бæстæгтæ цардысты Леуахийы бассейны цы кæмттæ æмæ быдыртæ ис, уыдоны мидæг. Æнæуый та цардысты Хъæргæнагдон æмæ Пронейы кæмтты. Ацы сыхæгты ’хсæн сæйраг бынат ахста Чеселты хъæубæстæ, кæцы æрбынат уыди Пацъайы комы.

Цæгат фæрсырдыгæй Дзауы хъæубæстæ арæн кодта къуыдайрæгтимæ, туалтимæ æмæ урстуалтимæ, скæсæнырдыгæй — чысайнæгтимæ, ныгуылæн æмæ хуссарырдæм та гуырдзы цардытты.

Хъæутæ[ивын | Бындур ивын]

Дзауы æхсæнады кондмæ цыдысты уыдысты Гуфта, Залда, Стырфæз, Ортъеу, Джер, Гудис, Тли, Сохтæ, Хъола.

Мыггæгтæ[ивын | Бындур ивын]

Бирæнымæцон æмæ номдзыд Дзауы мыггæгтæй зæгъæн ис Бекъойтæ, Бестаутæ, Гæбæратæ, Гаглойтæ, Джиотæ, Къæбыстæ, Коцтæ, Хъуылымбегтæ, Мæргъитæ, Пæррæстатæ, Санахъотæ, Тедетæ, Харебатæ, Цыхуырбатæ, Цоцитæ.