Перейти к содержанию

Кокойты Эдуард

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Кокойты Эдуард
2001-æм азы 18 декабры — 2011-æм азы 10 декабры
Раздæр чи уыд Цыбырты Людвиг
Фæстæдæр Вадим Бровцев
Райгуырдис 1964-æм азы 31 октябры(1964-10-31) (60 азы)
Парти
Ахуырад
Хорзæхтæ
орден Республики орден Суворова орден «Честь и слава» орден «Уацамонгæ»
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Кокойты Джабейы фырт Эдуард (райгуырдис 1964-æм азы 31 октябры Цхинвалы), уыдис Хуссар Ирыстоны дыккаг президент.

Фæци Цхинвалы 5-æм скъола, уый фæстæ ахуыр кодта ХИППИ-ы физикон культурæйы факультеты. У спорты мастер. Куыста электромонтёрæй Цхинвалы. Гуырдзыстоны агрессийы рæстæджы (1989-1992) сарæзта йæхи хæцæг бригадæ. 1993—1997 азты куыста Мæскуыйы РЦИ-А-йæ депутат Чехойы-фырты æххуысгæнæгæй. Уый фæстæ нысангонд æрцыдис РХИ-ы минæварæй Уæрæсейы. Уым куыста 2001 азы онг. 2001 азы йæ равзæрстой РХИ-ы Президентæй.

Президенты бынатæй ацыдис 2011-æм азы 9 декабры, æвзæрстыты фæстæ. Ныртæккæ разамæнд дæтты политикон парти «Иудзинад»-æн.