Перейти к содержанию

Гаглойты Алан

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Гаглойты Алан
2022-æм азы 24 майæй
Раздæр чи уыд Бибылты Анатоли
Райгуырдис 1981-æм азы 6 февралы(1981-02-06)[1] (43 азы) кæнæ 1981-æм азы 9 мартъийы(1981-03-09)[2] (43 азы)
Сывæллæттæ чызг Аннæ (2004), фырт Эдуард (2011)
Парти Ныхас
Ахуырад
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Гаглойты Эдуарды фырт Алан (райгуырдис 1981-æм азы 6 февралы Цхинвалы) у Хуссар Ирыстоны 5-æм президент 2022-æм азы 24 майæй, 2020-æм азæй у политикон парти «Ныхасы» разамонæг.[3]

2022-æм азы 8 майы æвзæрст æрцыдис Хуссар Ирыстоны президенты бынатмæ, уыцы бынаты кусын райдыдта 24 майы.

2022-æм азы æвзæрстыты дыккæгæм туры рамбылдта æмæ сси Хуссар Ирыстоны ног президент. 8 майы изæры Бибылты Анатоли раарфæ кодта Гаглойты Аланæн æмæ загъта, йæ цæст ын кæй уарзы æнтыстджын куыст.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]