Кицмаришвили, Эроси

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Эроси Кицмаришвили
гуырдз. ეროსი კიწმარიშვილი
Гуырдзыстоны минæвар Уæрæсемæ

Райгуырдис 1965
Амардис 2014-æм азы 15 июлы(2014-07-15)
Ныгæныны бынат

Эроси Кицмаришвили (гуырдз. ეროსი კიწმარიშვილი; райгуырдис 1965-æм азы Рустауы сахары — амардис 2014-æм азы 15 июлы Тбилисы) уыд гуырдзиаг политик, 2012-æм азы майы онг — оппозицион «Гуырдзиаг партийы» лидертæй иу, Гуырдзыстоны минæвар Уæрæсемæ (2008), Базарадон-индустрион палатæйы президент (2004), амалхъом адæймаг, телеканал «Рустави-2» бындурæвæрæг æмæ хицау.

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

Эроси (Эрос) Кицмаришвили райгуырдис 1965-æм азы Гуырдзыстоны ССР-йы сахар Рустауы.

1993-æм азы Кицмаришвили байгом кодта телекомпани «Рустави-2».

2004-æм азы слæууыдис Гуырдзыстоны базарадон-индустрион палатæйы сæргъы. Уыцы иу рæстæг телеканалы хицау уыд.

2005-æм азы Кицмаришвилийы бахъуыд йæ телеканалы акцитæ ауæй кæнын амалхъом Кибар Халвашийæн, кæцы Гуырдзыстоны кæддæры хъахъхъæнынады министр Иракли Окруашвилийы æмтохгæнæг уыдис.

Уыцы иу аз Кицмаришвили ацыдис Америкæйы Иугонд Штаттæм, æмæ уым йæхи саудаджер кодта (йæ ныхæстæм гæсгæ, «сæйрагдæр гуырдзиаг базайрæгтæ америкаг базарм размæ кодта»).

2008-æм азы Кицмаришвилийы снысан кодтой Уæрæсемæ минæварæй, йæ кандидатурæ рæгъмæ рахаста президент Саакашвили йæхæдæг. Фæстæдæр ацыдис оппозицимæ, сарæзта йæхи политикон иуæг «Гуырдзиаг парти», афæлвæрдта йæ райгуырæн Рустауы мэр суæвын, фæлæ 2014-æм азы æвзæрстыты фембылды[1].

Кицмаришвилийæн уыдис æртæ сывæллоны. Уый уарзта теннис æмæ цыди альпинистон бæлцытæм[2].

2014-æм азы 15 июлы информацион агентæдтæ фехъусын кодтой, Кицмаришвилийы мард йæ хæдтулгæйы мидæг кæй ссардтой йæ хæдзары цур, уый тыххæй. Йæ сæр уыд нæмыгæй цæф, марды цур уыдис дамбаца[1]. Цæуы слест.

Политик Сабурталойы уæлмæрдты ныгæд и, паддзахады иннæ зынгæ архайджыты ингæнты ’хсæн.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

Æддаг æрмæг[ивын | Бындур ивын]