Перейти к содержанию

Дарчиты Дауыт

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Дарчиты Габрелы фырт Дауыт (1911-æм азы 29 майы, Алагир — 1989-æм аз) — зындгонд ирон поэт.

Райгуырдис 1911-æм азы Алагиры.[1] Хъæууон скъола каст фæуыны фæстæ дарддæр ахуыр кодта Костромайы рабфачы, уый фæстæ — Мæскуыйы Скæсæны кусджытæ хъомыл кæныны Академийы. 1936-39 азты Дарчийы-фырт куыста журнал «Фидиуæджы» бæрнон редакторæй Цхинвалы.

Хæсты рæстæг тох кодта партизанты къорды Смоленскмæ ’ввахс.

Демобилизацийы фæстæ куыста Цæгат Ирыстоны чиныгуадзæны, стæй газет «Рæстдзинад»-ы.

1958-æм азы Дарчийы-фырт каст фæци Уæлдæр литературон курсытæ Советон Цæдисы Фысджыты цæдисы цур.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Ирыстоны поэзи // Чиныг сарæзта æмæ цыбыр биографион зонæнтæ ныффыста Хъодзаты Æхсар. Дзæуджыхъæу, Издательство «Веста», 2012