Перейти к содержанию

Дæргъад

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Дæргъады бынат координатон сферæйыл

Дæргъад — лæвæрд тæппы уылты цы мередианы фæзой цæуы, æмæ райдайæн нулон мередианы (уымæй райдайы дæргъады нымад) астæу къул. Ныр Зæххыл нулоныл нымад у Гринвичы зæронд обсерваторийы уылты, Лондоны хуссар-цæгаты цы меридиан цæуы, уый. Уымæ гæсгæ хуыйны Гринвичы меридиан. Дæргъæдтæ 0 -æй 180° скæсæны ’рдæм нулон меридианæй, хонынц скæсæйнæгтæ, ныгуылæны ’рдæм та ныгуылæйнæгтæ. Бахахх кæнын хъæуы æмæ уæрхæдтæй хъауджыдæр, дæргъæдты системæйы райдайæны меридиан хибар у, æмæ баст вæййы исты меридианыл фидыдмæ гæсгæ. Афтæ, Гринвич йæдтæмæ, раздæр нулонтæй æвзæрст цыдысты меридиантæ обсерваториты Парижы, Кадисы, Пулковойы (Уæрæсейы паддзахады территорийыл) æмæ а.д.

Дæргъады дæлбар у бынæттон рæстæг

Къорийы хуыз. Экватор (цъæх) дих кæны къори æмæ лыг кæны Меридиантæ (бур) 90° къуымæй. Ацы нывы иугуыр хæххытæ — ортодомитæ. Бур хæххытæ — æмхуызон дæргъады хæххытæ.

Кæс ноджы

[ивын | Бындур ивын]