Уæрхад

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Уæрхады бынат координатон сферæйыл (тымбылæгыл)

Уæрхад — къуым бынæттон зениты здæхты æмæ экваторы фæзойы астæу, нымад цæуы 0-æй 90 °мæ экваторы дыууæрдыгæй дæр. Цæгаты æрдæгтымбылæджы географион тæппыты уæрхад (цæгаты уæрхад) нымад цæуы куыд æвæрццæг, хуссар æрдæгтымбылæджы та — æппæрццæг. Ноджы ма абсолютон асмæ гæсгæ стырдæр уæрхæдты тыххæй фæзæгъынц бæрзæндтæ, нолмæ хæстæджыты (ома экватормæ) тыххæй та — ныллæджытæ.

Зæххы формæ (геоид) къорийæ кæй хъауджыдзинад кæны, уымæ гæсгæ географион уæрхад дæр цасдæр хицæн кæны геоцентрон уæрхадæй, т. е. къуымæй ацы тæппы здæхтмæ Зæххы цæнтрæй æмæ экваторы фæзойæ.

Бынаты уæрхад рабæрæг кæнæн ис ахæм астрономион кусæнгарзты æххуысæй — секстант кæнæ гномон, ис ма спайдагæнæн системæтæй GPS æмæ ГЛОНАСС. Уæрхадимæ æмæ азы афонимæ йæ дæргъ баст у бонæн.

Кæс ноджы[ивын | Бындур ивын]