Географион координатæтæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Координатон сферæ (тымбылæг)

Географион координатæтæ — рабæрæг кæнынц тæппы бынат Зæххы уæлцъарыл, кæнæ географион цъары.

Географион координатæтæ арæзт цæуынц сферон координатæты принциптæм гæсгæ. Ахæм координатæтæ бæззынц æндæр планетæтæн дæр æмæ уæларвон сферæйы дæр.

Уæрхад[ивын | Бындур ивын]

Сæйраг уац: Уæрхад

Уæрхад — къуым бынæттон зениты здæхты æмæ экваторы фæзойы астæу, нымад цæуы 0-æй 90 °мæ экваторы дыууæрдыгæй дæр. Цæгаты æрдæгтымбылæджы географион тæппыты уæрхад (цæгаты уæрхад) нымад цæуы куыд æвæрццæг, хуссар æрдæгтымбылæджы та — æппæрццæг. Ноджы ма абсолютон асмæ гæсгæ стырдæр уæрхæдты тыххæй фæзæгъынц бæрзæндтæ, нолмæ хæстæджыты (ома экватормæ) тыххæй та — ныллæджытæ.

Зæххы формæ (геоид) къорийæ кæй хицæн кæны, уымæ гæсгæ географион уæрхад дæр цасдæр хицæн кæны геоцентрон уæрхадæй, т. е. къуымæй ацы тæппы здæхтмæ Зæххы цæнтрæй æмæ экваторы фæзойæ.

Бынаты уæрхад рабæрæг кæнæн ис ахæм астрономион кусæнгæрзты æххуысæй — секстант кæнæ гномон, ис ма спайдагæнæн системæтæй GPS æмæ ГЛОНАСС. Уæрхадимæ æмæ азы афонимæ йæ дæргъ баст у бонæн.

Дæргъад[ивын | Бындур ивын]

Сæйраг уац: Дæргъад

Дæргъад — лæвæрд тæппы уылты цы мередианы фæзой цæуы, æмæ райдайæн нулон мередианы (уымæй райдайы дæргъады нымад) астæу къул. Ныр Зæххыл нулоныл нымад у Гринвичы зæронд обсерваторийы уылты, Лондоны хуссар-цæгаты цы меридиан цæуы, уый. Уымæ гæсгæ хуыйны Гринвичы меридиан. Дæргъæдтæ 0 -æй 180° скæсæны ’рдæм нулон меридианæй, хонынц скæсæйнæгтæ, ныгуылæны ’рдæм та ныгуылæйнæгтæ. Бахахх кæнын хъæуы æмæ уæрхæдтæй хъауджыдæр, дæргъæдты системæйы райдайæны меридиан хибар у, æмæ баст вæййы исты меридианыл фидыдмæ гæсгæ. Афтæ, Гринвич йæдтæмæ, раздæр нулонтæй æвзæрст цыдысты меридиантæ обсерваториты Парижы, Кадисы, Пулковойы (Уæрæсейы паддзахады территорийыл) æмæ а.д.

Дæргъады дæлбар у бынæттон рæстæг.

Бæрзæнд[ивын | Бындур ивын]

Цæмæй тæппы ран æххæстæй бæрæггонд æрцæуа æртæбæрцон (уырыс. трехмерный) тыгъдады, уый тыххæй хъæуы æртыккаг координатæ — Бæрзæнд. Планетæйы центрмæ дæрддзæгæй географи нæ пайда кæны: бæззы афтиддæр планетæйы тынг арф бæстæты афыстæн, кæнæ космосы орбитæтæ нымайынмæ.

Географион цъары гæрæнты пайда кæнынц арæхдæр æмвæзад денджызы бæрзæндæй, нымад цæуы «лæгъзгонд» геоиды уæлцъары æмвæзæй. Ахæм æртæ координатæйæ систæмæ уайы ортогоналон, уый æнцондæр кæны нымаинæгтæ. Æмвæзад дæнджызы бæрзæндæй ма æнцойуат у атмосферон æлхъывдимæ басты тыххæй.

Зæххы уæлцъарæй дæрддзæг (уæлæмæ кæнæ дæлæмæ) арæх пайдагонд цæуы бынаты афысты рæстæг, фæлæ нæу координатæ цъары æнæлæгъзы тыххæй.

Географион координатæты системæ[ивын | Бындур ивын]

Ныв 1

Тæпп O- йы миниуæгыл Навигацийы нымад цæуы транспортон мадзалы (ТМ) массæты центр. Координатæты райдайæны ахызт инерциалон системæйы географионмæ (ома æй) æххæст кæны уæрхады æмæ дæргъады нысаниуджытæм гæсгæ. Географион координатæты систæмæйы цæнтр () инерционалоны дæтты (Зæххы хуызæг къоригондыл куы нымайæм):

кæм R — зæххы радиус, U — зæххы зилдухы къуымон тагъддзинад, h — æмвæзад дæнджызы бæрзæндæй.

Сæмæнты здæхт географион координатæты систæмæйы (ГКС) æвзæрст цæуы алгоритммæ гæсгæ.

Сæмæн X(æндæр банысан - сæмæн E) -сæмæн, здæхт у скæсæнмæ.
Сæмæн Y(æндæр банысан - сæмæн N) -сæмæн, здæхт у цæгатмæ.
Сæмæн Z(æндæр банысан - сæмæн Up) -сæмæн, здæхт вертикалон хæрдмæ.

Æртæтигъон (уырыс. трехгранник) XYZ-йы ориентаци, зæххы зилдухы æмæ транспортон мадзалы змæлды тыххæй æдзухдæр бынатæй рацух вæййы къуымон тагъддзинадтимæ[1].

Сæйраг цъухдзинад ГКС-ы практикон пайдадзинады навигацийы сты къуымон тагъддзинады егъау астæ бæрзонд уæрхадты, срæзынц полюсыл раст æгæронадмæ. Уымæ гæсгæ ГКС-ы бæсты фæпайда кæнынц æрдæгуагъд координатон системæйæ.

Æрдæгуагъд азимуты координатæты системæ[ивын | Бындур ивын]

Æрдæгуагъд азимуты КС хицæн кæны ГКС афтиддæр иу æмбæрцадæй (уырыс. уравнение), кæцы у ахæм:

Уымæ гæсгæ системæты райдайæн иухуызон у, сæ ориентацитæ дæр æмхуызон сты иу хицæндзинадимæ, йæ сæмæнтæ æмæ иуварс здæхт сты ГКС-йы сæмæнтæй къуыммæ, уымæн рæстаг у æмбæрцад

Рацарæзт ГКС-йы æмæ æрдæгуагъд азимуты КС астæу æххæстгонд цæуы формулæмæ[1]

Æцæгдзинадæй иууылдæр бахыгъдтæ нымад цæуынц ацы систæмæйы, æмæ уыйфæстæ, информацийы рацæуæны æрцæуы координатæты рацарæзт ГКС-мæ.

Æрвитæнтæ[ивын | Бындур ивын]

Кæс ноджы[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. 1,0 1,1 Salychev. O.S. Applied Inertial Navigation: problems and solutions. — Moscow:: BMSTU Press, 2004. — С. 304. — ISBN 5-7038-2395-1.