Перейти к содержанию

Гуырдзыстоны дзуттæгтæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Гуырдзыстоны дзутт
Хином ებრაელი
Нымæц 200 000
Ахæлиу
Æвзаг гуырдзиаг, уырыссаг, иврит, æндæр
Дин иудаизм
Хæстæг адæмтæ сефардим, ашкеназим æмæ иннæтæ
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Гуырдзыстоны дзуттæгтæ кæнæ Гуырдзыстоны дзутт, Гуырдзыстоны уирæгтæ (гуырдз. ქართველი ებრაელები) сты уыцы бæстæйы рагондæр цæрджыты къордтæй сæ иу. Нырыккон гуырдзиаг историографимæ гæсгæ, дзуттаг адæм æрцардысты Гуырдзыстоны, Вавилоны уацарæй алидзын сæ къухы-иу куы афтыд, уæдæй — ома нæ эрæйы агъоммæ 6-æм æнусæй райдайгæ[1]. Сæ царды уагмæ гæсгæ систы хæстæг гуырдзымæ, дзурын байдыдтой гуырдзиагау[2]. Сæ культурæмæ гæсгæ хицæн уыдысты Кавказы иннæ дзуттаг къордæй — Цæгат Кавказы хохы дзуттæгтæй[3] Гуырдзыстон Уæрæсейы империмæ куы бацыдис, уæд дзы фæзындысты ашкеназаг дзуттæгтæ дæр, уыдонæй гуырдзыстойнаг дзуттæгтæ цардысты хицæнæй.

Зæгъæн и æмæ æппæт Гуырдзыстоны дзуттæгтæ ралыгъдысты Израильмæ 1990-æм азты, уыдоны стырдæр æхсæнад цæры Ашдоды. 1970-æм азты та сæ нымæц хæццæ кодта 80 минмæ. Цæрынмæ цыдысты канд Израильмæ нæ, фæлæ ма иннæ паддзахæдтæм дæр: зынгæ æхсæнæдтæ фæзындысты Бельгийы Антверпены, Уæрæсейы Бетъырбухы, АИШ-ы Нью-Йорчы. Гуырдзыстоны цæрджыты фæстæг сфыстмæ гæсгæ бæстæйы ма баззадысты 3541 иудейаг уырнджытæ[4], уыдон сты дзуттаг адæмы алыхуызон дæлкъордтæй.

Гуырдзыстоны рагон сæйраг сахар Цхета, уым бирæ æнусты дæргъы цардысты дзуттæгтæ дæр

Гуырдзиагау дзурæг дзуттаг къорд у рагондæр дзуттаг æхсæнæдтæй сæ иу, бæстæйы ныгуылæны ссардæуыдысты дзуттаг культурæимæ баст рагон артефакттæ[5]. Сæ равзæрды сæйраг таурæгъ у, Навуходоносоры бабырст Иерусалиммæ куы уыдис, уый тыххæй: вавилонæгтæ дзутты акодтой уацармæ, æмæ-иу уырдыгæй иуæй-иу дзуттæгты къухмæ бафтыдис цæгатырдæм алидзын, уыдон æрцардысты нырыккон Гуырдзыстоны зæххытыл. Уый тыххæй фыста астæузаманы гуырдзиаг историк Леонти Мровели: «Паддзах Навуходоносор байста Иерусалим. Дзуттæгтæй чи аирвæзтис, ралыгъдысты Картлимæ æмæ Цхетайы хицауæй куырдтой зæхх, уый сын радта Арагвийы цур зæхх, Занавийы суадонмæ ’ввæхс»[1].

Мровелийы ныхæстæм гæсгæ дзуттæгты ног къорд æрбацыд Гуырдзыстонмæ Рагон Ромы рæстæг, император Веспасиан æлдæриуæг куы кодта, уæд: «Ромæгты император Веспасиан байста Иерусалим. Уырдыгæй дзуттаг лигъдæттæ ралыгъдысты Цхетамæ æмæ раздæры дзуттæгтимæ æрцардысты»[1].

Иннæ гуырдзиаг хроникæ — «Картлийы аргъуыд» — дзутты æрбацыды рæстæг ахæссы Стыр Алексадры рæстæгмæ[1].

Генетикон иртæстытæм гæсгæ Гуырдзыстоны дзуттæгтæ иннæ дзуттаг æхсæнæдтимæ баст сты, уæлдайдæр Ирак æмæ Ираны цы дзуттæгтæ цæрынц, уыдонимæ[6].

Гуырдзыстоны дзуттæгтæ Цхинвалы

[ивын | Бындур ивын]

Зынгæ дзуттаг æхсæнад рагæй цардис Цхинвалы дæр, ныры онг дзы баззадис Дзуттаг сых кæй хонынц, ахæм квартал, кæд æмæ бирæ дзуттæгтæ нал цæрынц сахары, уæддæр.

1917-æм азы дзуттæгтæ уыдысты Цхинвалы стырдæр адæмыхатт — 38,4 %, гуырдзы — 34,4 %, сомих — 17,7 %, ирæттæ — 8,8 %[7].

Цы ахсджиаг бынат ахстой дзуттæгтæ сахары XX æнусы астæу, уый æвдисæг у Мамиты Гигайы æмдзæвгæ «Сталинир[8]», кæцы рухс федта журнал «Фидиуæг»-ы 1950-æм азы[9]. Гигайы рæнхъытæм гæсгæ, дзуттæгтæ уыдысты Сталиниры (Цхинвалы) цыппар стырдæр этностæй иу:

Уырыссаг, гуырдзиаг,
Ирон æмæ дзуттаг,
Мæхи стут, кæнын уæ
Æфсымæры уарзт.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. 1,0 1,1 1,2 1,3 The Wellspring of Georgian Historiography: The Early Medieval Historical Chronicle The Conversion of Katli and The Life of St. Nino, Constantine B. Lerner, England: Bennett and Bloom, London, 2004, p. 60
  2. Forget Atlanta - this is the Georgia on my mind By Jewish Discoveries and Harry D. Wall Feb. 7, 2015, Haaretz
  3. Mountain Jews: customs and daily life in the Caucasus, Leʼah Miḳdash-Shemaʻʼilov, Liya Mikdash-Shamailov, Muzeʼon Yiśraʼel (Jerusalem), UPNE, 2002, page 9
  4. Statistics of Georgia Архивгонд æрцыдис 31 августы 2006 азы.
  5. Batumi Archeological Museum, seen March 2020; also Tbilisi Jewish Museum, seen March 2020
  6. Begley, Sharon. (7 August 2012) Genetic study offers clues to history of North Africa's Jews | Reuters Архивгонд æрцыдис 18 ноябры 2015 азы.. In.reuters.com. Retrieved on 2013-04-16.
  7. Цхинвали(æнæбаххæсгæ æрвитæн) — статья из Электронной еврейской энциклопедии
  8. Цхинвалы ном 1934-61 азты
  9. «Фидиуæг» №7 / 1950