Мамиты Гига

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Мамиты Гига
Райгуырды датæ 1909-æм азы 10 мартъийы(1909-03-10) (115 азы)
Райгуырæны бынат Къостайыхъæу, Хуссар Ирыстон
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз поэт

Мамиты Гига уыд зындгонд ирон фыссæг æмæ поэт, ирон литературæ иртасæг. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг.

Гига райгуырдис 1909-æм азы 10 мартъийы Хуссар Ирыстоны Къостайыхъӕуы, мӕгуыр зӕхкусӕг лӕджы хӕдзары[1]. Ахуыр кодта Къостайыхъæуы скъолайы, стæй та — Цхинвалы хъӕууон фӕсивӕды скъолайы. 1931-æм азы каст фӕцис Цӕгат Ирыстоны педагогон техникум (ныры педагогон институт) æмæ кусынмæ æрвыст æрцыд Хъобанмæ. Йæ ахуыр адарддæр кодта педагогон институты æмæ йæ каст фæцис 1936-æм азы, стæй та аспирантурæмæ бацыдис[1].

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг службæ кæнын райдыдта æмæ фæстæмæ раздæхтис æрмæстдæр 1949-æм азы. Ногæй байдыдта ахуырады кусын, 1958-æм азы бахъахъхъӕдта кандидаты диссертаци. Йæ царды фылдæр хай куыста Хуссар Ирыстоны педагогон институты лекторӕй[1].

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. 1,0 1,1 1,2 Плиты Гацыр. Фыссæг, рухстауæг, хъомылгæнæг. Газет «Владикавказ», №32 (2503). 26.03.2019