Перейти к содержанию

Гитлер, Адольф

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Адольф Гитлер
нем. Adolf Hitler
1933-æм азы 30 январы — 1945-æм азы 30 апрелы
Раздæр чи уыд Шлейхер, Курт фон[d]
Фæстæдæр Йозеф Геббельс[d]
1933-æм азы 30 январы — 1945-æм азы 30 апрелы
1934-æм азы 2 августы — 1945-æм азы 30 апрелы
Раздæр чи уыд Пауль фон Гинденбург[d]
Фæстæдæр Карл Дёниц[d]
Райгуырдис 1889-æм азы 20 апрелы(1889-04-20)[1][2][…]
Амардис 1945-æм азы 30 апрелы(1945-04-30)[4][1][…] (56 азы)
Ныгæныны бынат
  • бæрæг нæу
Мыггаг Семья Гитлера[d]
Фыд Алоис Гитлер[d]
Мад Клара Гитлер[d]
Æмкъай Евæ Браун[d][6]
Парти
Ахуырад
Архайд нацизм[d][9], Национал-социалистическая пропаганда[d][9], военная диктатура[d][9], политикæ[9], æфсæддон[d], нывгæнæг[d] æмæ политик[d]
Дин бæрæг нæу æмæ Религиозные взгляды Адольфа Гитлера[d]
Къухæрфыст Изображение автографа
Хорзæхтæ
орден «За военные заслуги»

цепь Имперского ордена Красных стрел[d] (1937-æм азы 1 октябры)

Пылы орден
Железный крест
Железный крест 2-го класса

Wound Badge (1918) in Black[d] (1918-æм азы 18 майы)

почётный гражданин Санкт-Андреасберга[d] (1933-æм азы 4 апрелы)

почётный гражданин Гослара[d]

Золотой партийный знак НСДАП Почётный крест Первой мировой войны 1914/1918 Орден крови

почётный гражданин Трира[d] (1933 — 2010)

Афæдзы адæймаг журнал «Time»-ы версимæ гæсгæ[d] (1938)

почётный гражданин Кобурга[d] (1932-æм азы 16 октябры — 1946-æм азы 20 февралы)

кадджын æмбæстонад[d] (1934-æм азы 9 октябры — 2001)

кадджын æмбæстонад[d] (1934-æм азы 9 октябры — 1945-æм азы 30 апрелы)

Железный крест 1-го класса Имперский орден Ярма и стрел
Хуындад ефрейтор[d] æмæ ефрейтор[d]
Командæ кодта Вермахт[d]
Тохтæ
Зонадон архайд
Зонады къабаз собрание произведений искусства[d][5]
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Адольф Гитлер (нем. Adolf Hitler, 1889-æм азы 20 апрелы, Браунау-ам-Инн, Австри-Венгри1945-æм азы 30 апрелы, Берлин, Герман) уыд Германы æфсады хицау, Æртыккаг Рейхы фюрер. Уый райгуырди 1889 азы 20 апрелы, цæугæдон Инны бæлгæрон, чи æрбынат кодта, уыцы гыццыл сахар Браунауы. Сахар ис Австри æмæ Германы ’хсæн арæныл.

Гитлеры фыдæлтæ

[ивын | Бындур ивын]

Йæ фыд уыд Австрийы таможнæйы кусæг Алоис Шикльгрубер (Alois Schicklgruber), йæ мад та зæхкусæджы чызг Кларæ Пёльцль (Klara Pölzl).

Гитлеры фыдæлты тыххæй бирæ информаци нæй. Йæ фыдыфыд Иоганн Георг Гитлер базонгæ ис зæхкусæджы чызгимæ. Йæ ном уыд Анна Мария Шикльгрубер æмæ куыста экономкæйæ Грацы.

1837-æм азы Аннæйæн райгуырдис Гитлеры фыд Алоис. Алоис хаста мыггаг Шикльгрубер 1876-æм азы онг, цалынмæ йæ официалон æгъдауæй нæ раивта Гитлерыл, уый тыххæй æмæ рахъомыл ис йæ фыдыфсымæр Иоганн Непомук Гитлеры хæдзары. Кларæ Пёльцль уыд Алоисæн йе ’ртыккаг ус, йæ лæгæй уыдис æртæ æмæ ссæдз азы кæстæр, æмæ ныййардта йын фондз сывæллоны, уыдонæй сырæзыди æрмæст дыууæ — Адольф æмæ йæ кæстæр хо Паулæ.

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

Сывæллонæй Адольф уыдис тæргайгæнаг, æнæразы, тарсти йæ фыдæй.

1895-æм азы Гитлерыл æхсæз азы куы цыдис, уæд бацыдис адæмон скъоламæ Фишльхамы сахары. 1897-æм азы фæстæ йæ мад æй арвыста Ламбахмæ бенедиктон моладзандоны скъоламæ. Фæлæ йæ уырдыгæй рацух кодтой. Уый фæстæ бинонтимæ ацыдысты Леондингмæ, Линцы сахаргæронмæ. Уым 19001904 æзты Гитлер цыдис реалон скъоламæ Линцы, 1904-1905 æзты — Штейры. Гитлерыл æхсæрдæс азы куы цыдис уæд скъола ныууагъта.

1907-æм азы Гитлер ацыд Венæмæ, фæлæ бацæуæн экзаментыл Венæйы аивады академимæ фæкъуыхцы ис.

1908-æм азы амардис йæ мад. Æмæ фондз азы Гитлер фæкуыста нывгæнæгæй.

1913-æм азы Адольф Гитлер æрцардис Германы, Мюнхены сахары.

1914-æм азы хæст куы райдыдта Гитлер балæвæрдта курдиат Баварийы паддзахмæ цæмæй йæ бахæссой æфсады хыгъдмæ. Æмæ йæ арвыстой 16-æм Баварийы фистæгæфсæддон полкъмæ. Райдианы уыдис санитар, уый фæстæ æнæхъæн хæсты дæргъы куыста бастдзинады къабазы. Дыууæ хатты уыди цæф.

1914-æм азы декабры райста йæ фыццаг хæрзиуæг — Дыккаг къæпхæны Æфсæйнаг дзуар. 1918-æм азы 4 августы Гитлерæн балæвар кодтой Фыццаг къæпхæны Æфсæйнаг дзуар.

1919-æм азы Гитлер бацыдис Германы кусджыты партимæ. Дыууæ азы фæстæ Гитлер сси уыцы партийы разамонæг æмæ йыл сæвæрдта ног ном — Германы кусджыты национал-социалистон парти. Уыцы рæстæг дыууæ ныхасæй «НАцион-соЦИалист» равзæрдис термин — нацизм.

Гитлер ацыди æфсадæй. Уый сарæзта, адæмы рæгъмæ 1920 азы 24 февралы кæй рахаста, уыцы программæ. Партион æмбырдты хъахъхъæнынадæн Гитлеры партийы разамонджытæ сарæзтой морæхæдон лæгты къорд — СА (Sturmabteilung). Иннæ организаци — СС (Schutzstaffel), саухæдон лæгты къорд, сси Гитлеры йæхи гварди.

1923 азы 8 ноябры Гитлер æмæ Людендорф сарæзтой паддзахадон фæфæлдæхт. Фæлæ сæ фæфæлдæхт нæ фæрæстмæ и. Гитлеры аххосджын кодтой паддзахады ныхмæ гадзрахатæй рацæуынæй. 1924-æм азы 26 февралы йын рахастой ахастоны 5 азы фæбадыны тæрхон. Фæлæ ахæстоны фæци æрмæст фараст мæйы. Ахæстоны ныффыста йæ зындгонд чиныг «Майн кампф» («Мæ тох»). 1939 азы чиныг ратæлмац кодтой 11 æвзагмæ, æдæппæтæй йæ тираж уыд 5,2 милиуан экземпляры.

1930-æм азмæ Гитлер сси националон змæлдты æнæмæнг разамонæг.

1928-æм азы рейхстагмæ (Германы парламентмæ) æвзæрстыты нацисттæ райстой æрмæстдæр дыууадæс бынаты, коммунисттæ та 54.

1929-æм азы Гитлер сарæзта альянс Альфред Хубенбергимæ. 1930 азы рейхстагмæ æвзæрстыты Гитлеры партийæн радтой сæ хъæлæстæ æхсæз милиуан адæймагæй фылдæр æмæ парти райста рейхстагы 107 бынаты.

1932-æм азы Гитлер сфæнд кодта президент суын. Фæлæ президенты бынаты баззадиc Пауль фон Гинденбург.

1933-æм азы 30 январы Гинденбург снысан кодта Гитлеры Германы канцлерæй.

1933-æм азы 5 мартъийы æвзæрстыты нацистты парти фæфылдæр кодтой сæ быннæты нымæц рейхстаджы. Æмæ Гитлер райста хъæлæсты 52% æмæ сси президент.

1933 азы 24 мартъийы Рейхстаг райста уæлрадон закъон адæм æмæ рейхы хъахъхъæнынады тыххæй. Уыцы закъоны фондз пункты ахæм мидис уыд æмæ рейхстагæн йæ закъондæттæн бартæ аивтой, нымайгæйæ бюджетмæ цæстдард, конституцийы бараст æмæ бадзырдты ратификаци фæсарæйнаг паддзахæдтимæ. Уыцы бартæ радтой цыппар азмæ паддзахадон хицауадæн. Цалдæр мæйы дæр нæма рацыди афтæ иннæ партитæ æрцыдысты æхгæд, профцæдистæ та суæгъд чынди. 1933 азы октябры Герман рацыдис Нациты Лигæйæ.

1934-æм азы Гитлер баиу кодта канцлеры æмæ президентты бынæттæ æмæ сси Германы иунæгон хицауиуæггæнæг. Уыцы азы сæрды уый сфæнд кодта бабырсын Австримæ, фæлæ Муссолини йе ’фсæдтæ куы арвыста Австрийы арæнтæ хахъхъæнынмæ, уæд Гитлер йæ фæнд аивта.

1934 азы 2 августы Гинденбург куы амардис, уæд Гитлер йæхицæн радта «фюрер» (фæтæг) æмæ канцлеры ном, рейхспрезиденты пост та аивта. Æппæт æфсæддон офицерттæ хъуамæ ард бахордтаиккой иузæрдыгдзинадæн Адольф Гитлерæн.

1935-æм азы Гитлер радта Гиммлерæн бардзырд цæмæй уый сарæза концентрацион лагертæ. Сфидар чынди Нюрнберджы закъонтæ граждандзинад æмæ расæйы тыххæй, кæцытæ тобæ кодтой дзуттæгты æмæ немыцæгты (арийæгты) æхсæн къайад æмæ дзуттæгты цух кодтой граждандзинадæй.

1935 азы мартъийы Гитлер фехъусын кодта, 36 дивизийы кæмæн уыд, ахæм æдгæрзтæ æфсад кæй сарæзта. Уымæй комкоммæ саст æрцыдысты Версалы бадзырды домæнтæ.

1936-æм азы Испанийы мидхæст куы райдыдта, уæд Гитлер æххуыс кодта испайнаг генералæн Франсиско Франкойæн. Испанимæ æрвыст æрцыдис легион «Кондор».

1936 азы 25 октябры хæстон-политикон бадзырд «Æндон фидыд» Италиимæ.

1938 азы, мартъийы Гитлер сæххæст кодта «аншлюсс» Австрийæн æмæ баиу кодта Австри Æртыккаг рейхимæ.

Уыцы аз Гитлер райдыдта Чехословакийы Судетты немыцæгты «сæрибар кæныны» кампани. Нацисттæ Чехословакийы змæстытæ куы сарæзтой, уæд Стыр Британийы премьер Невилль Чемберлен æмæ Францы премьер Эдуард Даладье ацыдысты Германмæ æмæ скодтой Мюнхены бадзырд.

Иу аз дæр нæма рацыдиc, æфтæ рейхы скондмæ бацыдысты, дæс милуан адæймагæй фылдæр кæм цардиc, ахæм территоритæ.

Ног нысанæн Гитлер равзæрста Польшæ. Ныр æй хъуыдис Польшæйы къæлидор æмæ Данциг. Дыууæ фронтыл хæстæй аирвæзынмæ Гитлер райдыдта Мæскуыимæ баныхас.

1939-æм азы 23 августы нацистон Герман æмæ Советон Цæдис сæ къухтæ æрфыстой хæлар æмæ сабырдзинады тыххæй бадзырдыл æмæ баныхас кодтой, Польшæйы кæй адих кæндзысты, ууыл. Фæлæ Чемберлен Гитлерæн фехъуысын кодта Стыр Британи Польшæйы раз йæ хæс кæй сæххæст кæндзæн, уый.

1 сентябры Польшæйы райдыдта хæст æмæ Польшæ æрцыдис дихгонд Германы æмæ советон æфсæдты ’хсæн.

6 октябры Гитлер разæрæвæрдта Стыр Британийæн æмæ Францийæн саразын сæрибарыл бадзырд — йæ «фæстаг æнхъарæн». Фæлæ уæдмæ уыд бæрæг йæ ныхасыл йын æууæндын кæй нæй, уый. Иу мæйы фæстæ Гитлер фехъусын кодта хæсты райдайæны тыххæй.

Уый фæстæ æнæхъæн зымæгмæ 1939-1940 азты ахаста «Бадгæ хæст». Уыцы рæстæг Гитлер æмæ йе знæгтæ ницы архайд кодтой (не предпринимали никаких действий).

1940 азы мартъийы Гитлер æмæ йæ цæдисон Муссолини фембæлдысты Бреннеры æфцæгыл, æмæ Гитлер раргом кодта йæ фæндтæ Муссолинийæн.

1940 азы 9 апрелы гермайнаг æфсæдтæ æрбабырсыдысты Данимæ æмæ Норвегимæ. Иу мæйы фæстæ æххæст конд уыд «блицкриг» Бельгимæ, Нидерландтæм, Люксембург æмæ Францмæ. Иннæ къахдзæф уыди Стыр Британийы уæлдæфон бомбардировкæ. Фæлæ британиаг тæхджытæ æрмæст 15 августы 1940 азы æрæппæрстой 180 немыцаг хæдтæхджыты.

1941-æм азы 6 апрелы Гитлер бакодта йе ’фсæдтæ Грекъ æмæ Югославимæ, фæстæдæр та арвыста Африкæйаг корпус Ливи æмæ Мысырмæ. 22 июны гермайнаг æфсæдтæ ахызтысты советон арæн æмæ бабырсыдысты Балтиаг фронтæй Сау денджызмæ.

1941 азы 19 декабры Гитлер сæйраг къамандыгæнæг фельдмаршалы Вальтер фон Браухичы йæ бынатæй ацух кодта æмæ йæхи къухмæ райста къамандæкæнынад æфсæддон архайæдтыл.

Гитлеры æфсæдтæ хæрд кодтой тохты. 1943 азы февралы Фридрих фон Паулюс састы бынаты слæууыди. Муссолинийы режим ныккалди. Знæгты æфсæдтæ æмбылдтой тохты. Гитлерыл уæд цыди фæндзай æхсæз азы, фæлæ уыд ихсыд, фырзæронд лæджы хуызæн цыди.

1945-æм азы 29 апрелы Гитлер æмкъайады бацыдис йæ лымæнимæ Евæ Браун, уайтагъддæр ныффыста политикон ныстуан. Иннæ бон Гитлер йæхи дамбацайæ амардта, Евæ Браун та марг банызта. Сæ марды буæрттæ баппæрстой бæласдоны территорийыл цы дзыхъхъ уыдис, уырдæм æмæ сæ басыгъдтой.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. 1,0 1,1 Adolf Hitler (нидерл.)
  2. Adolf Hitler // Nationalencyklopedin (швед.) — 1999.
  3. 49 // duplicates of Roman Catholic baptism records from Upper Austria
  4. Гитлер Адольф // Большая советская энциклопедия (уырыс.): [в 30 т.] / под ред. А. М. Прохорова — 3-е изд. — Москва: Советская энциклопедия, 1969.
  5. 5,0 5,1 https://www.dailyartmagazine.com/story-hitlers-art-museum/
  6. Deutsche Nationalbibliothek Иумæйаг нормативон контроль (GND) (нем.) — 2012—2016.
  7. The Routledge Companion to Nazi Germany — 2007. — ISBN 978-0-415-30860-1
  8. Hitler: A Biography — 2008. — ISBN 978-0-393-06757-6
  9. 9,0 9,1 9,2 9,3 Чешская национальная авторитетная база данных
Commons
Commons
ВикиКъæбицы мидæг ис ацы темæйыл нывтæ.
Кæс: Hitler