Фыццаг дунеон хæст
Фыццаг дунеон хæст (1914-æм азы 28 июлы — 1918-æм азы 11 ноябры) уыдис историйы дынджырдæр хæстытæй иу. Дыккаг дунеон хæсты онг йæ популярондæр ном уыдис хуымæтæджы Стыр Хæст, термин «дунеон хæст» фæзынди 1920-æм азы. Иуæй-иу историктæм гæсгæ дзурæн ис иу дæргъвæтин хæсты тыххæй 1914-æм азæй 1945-æм азы онг.
Хæст райдыдта 1914-æм азы 28 июлы, Сараевойы амарды фæстæ. Хайад дзы райстой Стыр Британи, Франц, Итали, Уæрæсе æмæ АИШ иурдыгæй æмæ «централон хъомыстæ» — Герман, Австри-Вегри, Османты импери æмæ Болгари.
Хæсты фæстиуæгæн фæмардысты 10 млн адæймагæй фылдæр æмæ 22 млн цæфтæ фесты, фехæлдысты цыппар империйы: Австри-Венгри, Герман, Османты импери æмæ Уæрæсейы импери. Уыдоны бынаты фæзындысты ног хæдбар паддзахæдтæ (Польшæ, Чехословаки, Литва æмæ иннæтæ), кæцытæ фæстæдæр хайад райстой Дыккаг дунеон хæсты. Цы адæм хæсты аххосæй фæмард сты, уыдонæн ма бафтауын хъæуы испайнаг гриппы пандемийы æмæ æндæр хæцгæ низты (тиф æмæ халеры) зиантæ.
Фыццаг дунеон хæсты Уæрæсейы импери архайдта Антантæйы цæдисы сконды. Хæстæй рагагъоммæ рацыдис Октябры революцийы фæстиуæгæн.