Перейти к содержанию

Ахвледиани, Георгий Сариданы фырт

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Георгий Сариданы фырт Ахвледиани
гуырдз. გიორგი სარიდანის ძე ახვლედიანი
Райгуырды датæ 1887-æм азы 13 апрелы(1887-04-13)
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1973-æм азы 7 июлы(1973-07-07) (86 азы)
Мæлæты бынат
Бæстæ
Зонады къабаз лингвистикæ, логопеди
Куысты бынат
Альма-матер
Ахуырадон къæпхæн филологон зонæдты доктор[d]
Ахуырадон ном Советон Цæдисы зонæдты академийы уæнг-корреспондент
Хорзæхтæ æмæ премитæ
Ленины орден орден Октябрьской Революции Фæллойадон Сырх Тырысайы орден орден «Кады Нысан» «Кавказ хъахъхъæныны тыххæй» майдан
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Ахвледиани, Георгий Сариданы фырт (райгуырдис 1887-æм азы 31 мартъийы, Дерчийы хъæуы — амардис 1973-æм азы 7 июлы, Тбилисы) уыдис советон æмæ гуырдзиаг лингвист.

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

Георгий Ахвледиани райгуырдис Кутаисмæ хæстæг хъæу Дерчийы (Ныгуылæн Гуырдзыстон). 1910-æм азы бацыдис Харьковы универститеты историон-филологион факультеты славяйнаг-уырыссаг хайадмæ. Уым сахуыры фæстæ каст фæцис Бетъырбухы университет. 1918-æм азы Тбилисы æвæрд æрцыдис Гуырдзыстоны университеты бындур, æмæ уый фæдыл Ахвледиани сыздæхтис йæ райгуырæн бæстæмæ. Уым уый архайдта «Гуырдзыстоны университеты æхсæнады» къамисы. Ахуыргонд у Тбилисы университеты бындурæвæрджытæй иу, стæй Гуырдзыстоны Зонæдты академийы уæнг-бындурæвæрджытæй иу. 1939-æм азы Георгий сси ССР Цæдисы Зонæдты академийы уæнг-корреспондент, 1941-æм азы — Гуырдзыстоны ССР-ы Зонæдты академийы академик.

Дыккаг дунеон хæсты заман Г.С. Ахвледиани уыдис, фæцæфы тыххæй сæ дзурынхъомдзинад кæмæн фæсахъат, уыцы хæстонты дзæбæхгæнæг къорды сæргъы.

1951-æм азы Г.С. Ахвледиани слæууыдис æхсæнад «Знание»-йы Гуырдзыстоны хайады сæргъы.

Ахуыргонд ма уыдис Гуырдзыстоны лингвистикон æхсæнады сæрдар.

Г.С. Ахвледиани редактор кæмæн уыдис, уыцы грамматикæйы чиныджы титул

Хайбавæрд ирон æвзаг иртасыны хъуыддагмæ

[ивын | Бындур ивын]

Г.С. Ахвледианийы иртæстыты объектты ’хсæн уыдис ирон æвзаг дæр. 1960-æм азы Тбилисы рацыдис ахуыргонды чиныг «Сборник избранных работ по осетинскому языку».

Ахвледиани уыдис дыууæтомон «Ирон æвзаджы грамматикæ»-йы редактор (I том — 1963[1], II том — 1969[2]).

Куыстытæ

[ивын | Бындур ивын]
  • Ахвледиани Г. С. Основы общей фонетики. Тбилиси, 1949.
  • Ахвледиани Г. С. Сборник избранных работ по осетинскому языку. Тбилиси, 1960.
Гуырдзыстоны ССР-йы Зонæдты академийы фыццаг президиум: галиуæй рахизырдæм: Корнелий Кекелидзе, Николай Кецховели, Николай Мусхелишвили (сæргълæууæг), Симон Джанашиа, Георгий Ахвледиани, Филипп Зайцев; лæууынц: Александр Джанелидзе, Тарас Кварацхелия, Арнольд Чикобава, Георгий Чубинашвили, Акакий Шанидзе. 1941-æм аз.

Литературæ

[ивын | Бындур ивын]
  • Жгенти С. М. Георгий Сариданович Ахвледиани (к 70-летию со дня рождения), «Фонетический сборник», 1959, т. 1.
  • Перадзе Т. Г. С. Ахвледиани и грузинская логопедия //Дефектология.- 1981.- № 6.- С. 81.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]