Тбилисы паддзахадон университет
Иванэ Джавахишвилийы номыл Тбилисы паддзахадон университет (гуырдз. თბილისის ივანე ჯავახიშვილის სახელობის სახელმწიფო უნივერსიტეტი) у Гуырдзыстоны зæронддæр æмæ стырдæр уæлдæр ахуырады уагдон, зонад æмæ культурæйы ахсджиаг артдзæст. Кусы 1918-æм азæй.
Истори
[ивын | Бындур ивын]1917-æм азы сарæзтæуыд Тбилисы университетæн йæ бындур æвæрыны æхсæнад. Сæйрагдæр инициаторыл нымад у историк Иванэ Джавахишвили, æндæр хæппæрисджынты ’хсæн уыдысты скæсæнзонæг Георгий Ахвледиани, историк Шалва Нуцубидзе, психолог Дмитрий Узнадзе, лингвист Акакий Шанидзе.
Университет кусын байдыдта 1918-æм азы 26 январы (8 февралы), Бетъырбухы университет байгом кæнынæй 99 азы куы рацыдис, уæд. Уыцы иу бон ма уыд сыгъдæг гуырдзиаг паддзах Давид IV Аразæджы (1073—1125) мысæн бон. 1918-æм азы 30 январы Иване Джавахишвили бакасти йæ лекци рагон гуырдзиаг литературæйы тыххæй. Университеты фыццаг факультет уыдис философон. Бацæуæн экзаментæ нæ уыдысты, райстой-иу, кæй фæндыд, æппæт уыдæтты, чызджыты дæр (фыццаг абитуриенткæ уыд Медея Гамбашидзе[1]) — афтæмæй фыццаг студентты нымæц уыд 360 адæймаджы. Университеты фыццаг ректорæй равзæрстой химик Пётр Меликишвилийы.
Ректортæ
[ивын | Бындур ивын]- Пётр Меликишвили (1918 азы январæй 1919 азы декабры онг)
- Иван Джавахишвили (1919 — 1926)
- Тевдоре Глонти (1926 — 1928)
- Малакия Торошелидзе (1928 — 1930)
- Иване Вашакмадзе (1930 азы январæй 1931 азы сентябры онг)
- Александр Еркомайшвили (1931 — 1932)
- Леван Агниашвили (1933 — 1935)
- Карло Орагвелидзе (1935 — 1937)
- Георгий Кикнадзе (1937 — 1938)
- Давид Кипшидзе (1938 — 1942)
- Александр Джанелидзе (1942 — 1945)
- Николоз Кецховели (1945 — 1953)
- Илья Векуа (1953 — 1953 æмæ 1966 — 1972)
- Ермил Бурчуладзе (1953 — 1954)
- Виктор Купрадзе (1954 — 1958)
- Георгий Дзоценидзе (1958 — 1959)
- Евгений Харадзе (1959 — 1966)
- Давид Чхиквишвили (1972 — 1980)
- Важа Окуджава (1980 — 1985)
- Нодар Амаглобели (1985 — 1991)
- Тамаз Гамкрелидзе (1991 — 1991)
- Отар Джапаридзе (1991 азы сентябрь æмæ октябрь)
- Роин Метревели (1991 — 2004)
- Русудан Лордкипанидзе (2004 — 2006)
- Георгий Хубуа (2006 — 2010)
- Александр Квиташвили (2010 — 2013)
- Владимир Папава (2013 — 2016)
- Дарежан Твалтвадзе (2016 азы апрелæй сентябры онг, бартæ æххæстгæнæг)
- Георгий Шервашидзе (2016 — ныры онг)
Æддаг æрмæг
[ивын | Бындур ивын]- Университеты сайт
- ТПУ-йы историАрхивгонд æрцыдис 26 сентябры 2020 азы.