Геворг Ерзнкаци
Геворг Ерзнкаци | |
---|---|
сом. Գևորգ Երզնկացի | |
Райгуырды датæ | ≈ 1350 |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1416[1][2] |
Зонады къабаз | теологи[d] |
Альма-матер | |
Зонадон разамонæг | Ованес Воротнеци |
Ахуыргæнинæгтæ | Аристакес Себастаци æмæ Акоп Крымеци[d] |
Геворг Ерзнкаци (сом. Գևորգ Երզնկացի) у сомихаг фыссæг, теолог æмæ педагог XIV—XV-æм æнусты[3].
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Райгуырдис Ерзнкайы, XIV-æм æнусы æмбисы. Ахуырад райста Татевы университеты Ованес Воротнецимæ, уыд Григор Татевацийы æмкъласон æмæ ’мбал. Хицæн кодта риторикон курдиатæй. Григор Татевациимæ иумæ рафыстой йæ ахуыргæнæгы уац «Комментари Аристотелы куыстмæ „Райхалды тыххæй“»[4]. Ахуырады фæстæ раздæхтис йæ райгуырæн бæстæмæ æмæ активонæй райдыдта архайын педагогон къабазыл. 1405—1412-æм æзты куыста ахуыргæнæгæй Авагванкы моладзандоны, уый фæстæ сси моладзандон Капосы къухдариуæг[5].
Йæ разамынды рæстæджы куыд Авагванкы, афтæ Капсы дæр литературон архайад йæ тæмæны бацыд. Ерзнкацийы райдыдтой хонын «Рабуни» (раввин). Ахуырад райсынмæ-иу йæм æрцыдысты Сомихы алыхуызон бæстæтæй æмæ Хъырымы сомихаг колонитæй. Фæстагмæ йæ ахуыргæнинæгтæй иуыл номдзыддæр ссисты Аристакес Себастаци æмæ Акоп Крымеци. Амардис 1416-æм азы Капосы.
Йæ мæлæты фæстæ ныууагъта стыр теологион-литературон бынтæ. Ныффыста уацтæ, полемикон куыстытæ еретикты ныхмæ, зондæн ахъазон куыстытæ «Зондамынд дзуарæфтауыныл» (сом. «Խրատ պսակի») æмæ «Зондамынд донæй аргъауыныл» (сом. «Խրատ մկրտութեան»), поэмæ «Панегирик архангелтæн» (сом. «Ներբող Հրեշտակապետաց»), сыгъдæг Назианзы Григорийы (сом. «Բացատրութիւն ճառից Գրիգորի Նազիանզէն») куыстыты редакцигонд райхæлдтæ. Ныффыста сæ йæ ахуыргæнæг Ованец Воротнецийы лекциты бындурыл, Ованес Одзнецийы «Канонты чиныджы» редакцигонд æмæ æххæстгонд верси. Ерзнкацийы уацтæ хицæн кæны хуыцауы ныхасы райхæлды фидауц, йæ стиль фæзмы классикон авторты комментаритæ.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Сомихаг советон энциклопеди (сом.) / ред. Վ. Համբարձումյան, Կ. Խուդավերդյան — Հայկական հանրագիտարան հրատարակչություն, 1974.
- ↑ 2,0 2,1 Ով ով է. հայեր (сом.) / ред. Հ. Այվազյան — Երևան: Հայկական հանրագիտարան հրատարակչություն, 2005.
- ↑ Г. П. Хомизури (2002). / Армянская Апостольская Церковь: святые, мученики, видные священнослужители, богословы, христианские деятели культуры, Москва
- ↑ Энциклопедия «Кто есть кто. Армяне», Գևորգ Երզնկացի. / Ереван, 2005
- ↑ Православная Энциклопедия, Геворг Ерзнкаци том 10, стр. 489