Ованес Воротнеци

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Ованес Воротнеци
сом. Հովհան Որոտնեցի
Райгуырды датæ 1315
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1386
Мæлæты бынат
Зонады къабаз философи[d]
Куысты бынат
Альма-матер
Ахуыргæнинæгтæ Григор Татеваци
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Оване́с Воротнеци́, Ова́н (Иоа́нн) Воротнеци́ (сом. Հովհան Որոտնեցի; райгуырдис 1315-æм азы — амардис 1386-æм азы) — сомихаг философ, педагог, аргъуаны æмæ политикон архайæг[1].

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

Райгуырдис 1315-æм азы, Сюничы æлдары Иване Орбеляны фырт[2]. Ахуырад райста Гладзоры университеты Есаи Нчецимæ. 1345-æм азы сæвæрдта Татевы университеты бындур, кæцы сси уыцы заманы иуыл стыр зонадон æмæ культурон центр Сомихы. Тох кодта сомихаг аргъуаны бахъахъхъæныныл, уымæй уæлдай ма униатты-католикты ныхмæ. Цалдæр азы дæргъы фæцис Ныгуылæн Сомихы, уый фæстæ йæ ахургæнинагимæ сомихаг философ æмæ теолог Григор Татевацимæ ацыдис Иерусалиммæ, стæй та раздæхт Сюникмæ.

Йæ бын у конд Аристотелы «Категориты» æмæ Порфирийы «Баконды» уæрæх райхæлдæй.

Ованес Воротнецийы ахуыргæнæг æмæ фæдон уыдис Григор Татеваци, уый спарахат кодта Ованес Воротнецийы динон-философон ахуырад.

Вортнеци амардис 1386-æм азы 6 январы Апракунисы моладзандоны. Баныгæдтой йæ сыгъдæг Георгийы номыл Ернджачы моладзандоны Нахичеваны. Сомихаг аргъуан æй банымадта сыгъдæгты номхыгъдмæ.

Уацмыстæ[ивын | Бындур ивын]

  • Аристотелы «Категориты» анализ.
  • Элементты тыххæй (Конд у философты раныхæстæй). Критикон текст С.С. Аревшатяна æмæ С. Лалафаряна, рагонсомихагæй йæ ратæлмац кодта С.С. Аревшатян // Вестник Матенадарана. Т. 3. Ер., 1956

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Ованес Воротнеци / Большая советская энциклопедия : [в 30 т.] / гл. ред. А. М. Прохоров. — 3-е изд. — М. : Советская энциклопедия, 1969—1978.
  2. Michael E. Stone. / Adam and Eve in the Armenian Traditions, Fifth through Seventeenth Centuries. — Society of Biblical Lit, 2013. — P. 696. — (Early Judaism and its literature, 38)