Григор Татеваци
Григор Татеваци | |
---|---|
сом. Գրիգոր Տաթեւացի | |
Райгуырды датæ | 1346 |
Райгуырæны бынат | Тмогви |
Мæлæты датæ | 1409-æм азы 27 декабры |
Мæлæты бынат | |
Бæстæ | |
Зонады къабаз | этикæ, эстетикæ, ахуырад |
Альма-матер | |
Ахуыргæнинæгтæ | Товма Мецопеци æмæ Аракел Сюнеци |
Сайт | grigortatevatsi.am |
Викикъæбицы медиа |
Григо́р Татеваци́ (сом. Գրիգոր Տաթեւացի; райгуырдис 1346-æм азмæ ’ввахс[1], Тмогвийы фидары — амардис 1409-æм азы 25 кæнæ 27 декабры, Татевы моладзандоны) — сомихаг философ, теолог æмæ ахуыргæнæг, Татевы университеты ректор. Йæ ахуыргæнæг Ованес Воротнециимæ у сомихаг философийы татевы скъолайы сæйраг минæвар[2].
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Григор Татеваци райгуырдис 1346-æм азы Сомихы историон бæстæ Гугаркы. Йæ фыд Саргис уыдис æрмдæсны, йæ мад райгуырдис хъæу Парпийы. Бинонтæ фæлыгъдысты Арчешы провинцийæ, пысылмæтты бабырстыты тыххæй. Фырты райгуырды фæстæ бинонтæ æрбынæт кодтой Сюникы. Григорыл 14 азы куы сæххæст, уæд æй арвыстой Татевмæ моладзандонон съоламæ, уым йæ ахуыргæнæг сси зындгонд философ Ованес Воротнеци. Уый ссæдз азы дæргъы хъомыл æмæ ахуыр кодта лæппуйы, стæй та йæ смоладзан дæр кодта. Иерусалимы Григорæн йæ ахуыргæнæг радта вардапеты (архимандриты) цытном, стæй тæ, дыууиссæдз азы йыл куы сæххæст, уæд райста протоархимандриты цытном. Йæ хистæр зондамонæг куы амард, уæд æй ныстуанмæ гæсгæ, Татеваци фæивта пастырон архайды. 1390-æм азæй йæ цард арвыста Татевы моладзандоны, суанг йæ мæлæты онг 1409-æм азы.
Пысылмæтты быбырстыты тыххæй Татеваци 1402-æм азы æрцардис Мецопы моладзандоны. Уыцы заманы сомихаг аргъуан тох кодта, Ромы паддзахадыл цы сомихæгтæ сразы сты, уыдонимæ. Уыцы тохы Татеваци дæр иста хайад — уый уыд униатствæйы æмæ католикон аргъуаны ныхмæ, æмæ йæ хъуыдыйæ сомихаг католикты аргъуанæй фæиппæрд кодтой.
Григор Татеваци сси фæстаг архайæг, Сомихаг аргъуан сыгъдæгты номхыгъдыл кæй банымдта, уыдонæй. Номдзыд теологты мысинаг бон — сыгъдæг католикос Ованес Одзнецийы æмæ сыгъдæг ахуыргæнджыты Ованес Воротнеци æмæ Григор Татевацийы — Сомихаг Аргъуан нысан кæны Стыр мархойы æртыккаг къурийы сабаты.
Философи
[ивын | Бындур ивын]Григор Татевацийы философон æмæ теологион бын у тынг уæрæх. Йæ сæйраг уацмыстыл бандæвта Давид Анахты философи. Григоры куыстыты ахсджиаг бынат ахсы хуыцау æмæ æрдзы ахасты фарст. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, материалон дуне иугæндзон ивы, уый руаджы у æнусон. Йæ куыстыты ма фыссы паддзахад æмæ барды фарстытыл.
Куыстытæ
[ивын | Бындур ивын]Ныууагъта уæрæх литературон бын. Татеваци у бирæ теологион æмæ философон кустыты автор.
Григор Татевацийы зæппадз
[ивын | Бындур ивын]Сыгъдæг Григор Татеваци ныгæд у Татевы моладзандоны Сурб Погос-Петрос аргъуаны хуссар къулы цур.