Габиев, Саид
Саид Ибрагимы фырт Габиев | |
---|---|
лак. Габиев Саид Ибрагьиннул арс уырыс. Саид Ибрагимович Габиев | |
Райгуырды датæ | 1882-æм азы 28 майы |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1963[1] |
Архайды хуыз | фыссæг |
Саид Ибрагимы фырт Габиев (лак. Габиев Саид Ибрагьиннул арс; 1882-æм азы 28 майы — 1963-æм азы) — Дагъистаны советон революционер, паддзахадон, политикон, партион æмæ æхсæнадон архайæг, кæцы лæууыд Дагъистаны Республикæйы равзæрды райдианы. Лакаг литературæйы бындурæвæрджытæй иу. Фыста лакаг æмæ уырыссаг æвзæгтыл.
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Ахуыр
[ивын | Бындур ивын]Габиев Саид райгуырд 1882 азы 28 майы сахар Опочкæйы (ныры Псковы облæст). йæ националондзинадмæ гæсгæ уыд Лакаг. Йæ фыд Габиев Ибрагим уыд Кумухы хъæуы хистæр æмæ 30 мин тæрхонгонд адæймагы æхсæн æрвыст æрцыд Псковы губернимæ, 1877 азы растады хайад кæй иста, уый тыххæй. Бар ын уыд йæ бинонты йемæ акæнын [2] .
1903 азы каст фæци Стъараполы гимназ, стæй бацыд Бетъырбухы университетмæ физикон-математикон факультетмæ.
Политикон архайд
[ивын | Бындур ивын]Активон хайад иста 1905 азы революцийы. 1912 - 1914 азты редакци æмæ уадзгæ кодта газеттæ «Дагъистаны æхсид» (уырыс. «Заря Дагестана») æмæ «Пысылмон газет» (уырыс. «Мусульманская газета») Бетъырбухы, æмæ мыхуыр цыдис уырыссаг журнал «Мусульманин»-ы сыфтыл, кæцы уагъд цыд Парижы. 1917 азы майы архайдта Дзæуджыхъæуы Фыццаг Хæххон уанелы (1917 азы 1-7 майы), цыран радзырдта доклад адæмон ахуырады тыххæй. Æвзæрст æрцыд Цæгат Кавказы æмæ Дагъистаны Хæххон Адæмы Цæдисы центрон комитеты уæнгæй.
Уыцы азы майы кæронæй фæстæмæ «Дагъистайнаг Социалистон къорды» уæнг (разамонæг Дж. Коркмасов). 1918 азы маййæ фæстæмæ уыд Æфсæддон Ревкомы мидхъуыддæгты сæргълæууæг, уый фæстæ та Дагъистаны облæххæсткомы сæргълæууæг. Августы Л. Бичераховы ныббырсты рæстæджы фæуагъта Дагъистан. Цасдæр рæстæг уыд Дзæуджыхъæуы, цыран, урс хъазахъхъæгты сахар бацахсыны размæ, редакци кодта газет «Революцион хохаг» (уырыс. «Революционный горец»). Деникин Цæгат Кавказ æмæ Дзæуджыхъæу куы бацахста, уæд Габиев ацыд Фæскавказмæ. Кæм чысыл фæстæдæр (1919 азы ноябры — 1920 азы мартъийы) райдыдта волонтерты агитаци Дагъистаны фронтмæ, кæм уыцы рæстæгы цыд Деникины ныхмæ растад.
1918 азы ноябры иста хайад Терчы облæсты Фæллойгæнæг адæмты V-æм съезды куысты.
1919 азы фæззæгæй 1920 азы мартъийы онг уыд Фæскавказы.
1918—1919 азты куыста Терчы Советон Республикæйы Адæмон Советы сæрдарæй.
1920 азæй 1922 азмæ Саид Габиев куыста Дагревкомы сæрдары æххæстгæнæгы бынаты (1920-æм азы декабрь — 1921-æм азы мартъи), уый фæстæ: 1921-æм азы апрелæй 1922-æм азмæ — Ахуырады адæмон комиссарæй. 1923-æм азæй 1926-æм азмæ ДССРы адæмон комиссарты советы финансты адæмон комиссарæй. 1927 азæй фæстæмæ куыста административон бынæтты (Тифлисы заводы директор) Фæскавказы. Сталинон репресситы бын фæцис, фæлæ НКВД-йы ахæстонты бирæ рæстæг фæуыны фæстæ, ссæрибар æй кодтой.
Габиев амард 1963 азы. Дагъистаны обком (йæ сæргълæууæг Даниялов) ныхмæ рацыд йæ фæстаг бæллиц сæххæст кæныныл — йæ мæрдтæ йæ райгуырæн бæстæйы Дагъистаны баныгæнынæн. Фæлæ марды чырын, Тифлисæй ласт лакаг адæмы делегацийæ, уыдис лакаг адæмæй цытджын æгъдауæй æмбæлд æмæ йæ цытджын æгъдауæй баныгæдтой йæ чысыл райгуырæн бæстæйы.
Фыст уацмыстæ
[ивын | Бындур ивын]Габиев фыссын райдыдта 20-æм æнусы райдианы. Уыцы рæстæджы ныффыста зонадон куыст «Лакæгтæ. ивгъуыд æмæ цард» (уырыс. Лаки. Прошлое и быт), стæй цалдæр революцион æмдзæвгæйы. 1912—1913 азты уырыссаг æвзагыл ныффыста аллегори «Æрра» (уырыс. «Безумец») æмæ æнæкæрон радзырд «Адæмы æхсæнмæ» (уырыс. «В народ»). 1927 азы мыхуыры рацыд Габиевы æмдзæвгæты æмбырд «Лакаг чунгуры зæлтæ» (лак. «Лакку чугурданул чӀу»). Лакагмæ ноджы дæр ратæлмац кодта И. А. Крыловы цалдæр басняйы æмæ М. Ю. Лермонтовы æмдзæвгæтæ.
Мысæн
[ивын | Бындур ивын]Габиевы ном хæссынц: уынгтæ Махачкалайы[3], Буйнакскы, Дербенты сахарты, стæй Шамхал-Термены хъæуы; колхоз Кумухы хъæуы.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ S. I. Gabiev // Faceted Application of Subject Terminology
- ↑ Хасбулатов Х. Саид Габиев. — Махачкала: Дагестанское книжное издательство, 1972. — С. 5—6.
- ↑ Положения об общегородском перечне наименований элементов улично-дорожной сети и иных территорий проживания граждан городского округа «город Махачкала» (решение № 349 от 24.12.1986 г. о переименовании ул. Поселковая в улицу Саида Габиева)
Æрвитæнтæ
[ивын | Бындур ивын]- Цыбыр литературон энциклопеди
- Паддзахадон хицауады уагдон «Республикæ Дагъистаны Центрон Паддзахадон архив». Фонд № Р-1388.