Гæззаты Лади

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Гæззаты Лади
Райгуырды датæ 25 мартъийы (6 апрелы) 1895
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1962
Мæлæты бынат
Архайды хуыз фыссæг
Уацмысты æвзаг ирон

Гæззаты Александры фырт Лади (Джермугъ) райгуырдис 1895 азы Знауыры районы Хъорнисы хъæуы. Йæ ныййарджытæ уыдысты æнахуыргонд зæхкусджытæ, фæлæ бамбæрстой, ахуырдзинад царды фæндаг рухс кæй кæны, уый æмæ сæ лæппуйæн арæзтой ахуыркæныны æппæт фадæттæ дæр.

Уæдмæ Хъорнисы хъæуы уыдис райдиан скъола. Лади уырдæм бацыд ахуыр кæнынмæ. Ам фæбæрæг ис, лæппу ахуырмæ иттæг рæвдз кæй у, уый æмæ йæ каст куы фæцис, уæд æй йæ ныййарджытæ акодтой Гуры гимназмæ. Уæдмæ революцийы тæфаг тынгæй тынгдæр хъарын байдыдта фæсивæды зæрдæтæм. Уыцы уылæнтæ æрбанхъæвзтой Гуры гимназмæ дæр æмæ сæ зæрдæргъæвд лæппу йæ зæрдæмæ арф айста. Хъуыды æмæ сыл уынаффæ кодта, кæуыл æууæндыд, уыцы ахуырдзаутимæ. 1917 азы ахуыр кодта Харьковы. Революцион змæлд сусæг-æргомæй активон æгъдауæй куы райтынг ис, уæд ирон хъæбатыр лæппу партизанты къордмæ бацыд æмæ тох кодта паддзахы хицауады ныхмæ.

Революци[ивын | Бындур ивын]

Хъуыддæгтæ Лади æмæ йе ’мтохгæнджыты фæндиаг кæм ацыдаиккой нырма æмæ йын нал уыдис ахуыры фадат: æрыздæхт йæ райгуырæн Ирыстонмæ æмæ ам дарддæр кодта йæ революцион куыст. Уæдмæ Ирыстоны сырæзт Националон совет, Лади уыдис ацы советы уæнг æмæ йæ активондæр архайджытæй иу. 1920-æм азы Ручъы расидт æрцыд Советон хицауад, Гæззайы фырт баиу ис революцийы сæрыл тохгæнджытимæ. Растадонты тох нæ фæрæстмæ ис, меньшевиктæ сыл фæуæлахиз сты æмæ сæ Кавказы хæхты фæстæ фæкодтой, фæлæ сæ тох ууыл нæ ныууагътой: сарæзтой революцион комитет æмæ Лади æвзæрст æрцыд ацы комитеты уæнгæй. Фæстæдæр, Цæгат Ирыстоны лигъдæттæ куы сбирæ сты, уæд сын хъуыд æххуыс кæнын: сарæзтой лигъдæтты æрбæстон кæныны къамис æмæ Лади дæр уыд уыцы къамисы сконды. Уыцы рæстæджы Бакойы уагъд цыдис Хурскæсæн бæстæты адæмты фыццаг съезд. Ладийы арвыстой уырдæм делегатæй. Куы ’рыздæхт, уæд та Ирыстоны фæсивæдимæ гæрзифтонгæй ацыдис Бургъустанмæ инæлар Хвостиковы урс бандæтимæ тохмæ.

1921 азы хæхтыл Цæгат Ирыстонæй рахызт партизанты къорд Хуссар Ирыстонæн баххуыс кæныны тыххæй. Уыцы къорды уыдис Лади дæр. Ирыстоны сæрмæ уæлахизы сырх тырыса куы сфæйлыдта, уæд уый фæстæ Лади активонæй архайдта Ирыстоны хъæууон хæдзарад, культурæ сæндидзын кæныныл.

Фыццаг советон типографийы директор[ивын | Бындур ивын]

1923 азы Цхинвалы сырæзт фыццаг советон типографи. Ацы ахсджиаг куыстуат саразыныл зæрдиагæй чи бакуыста, уыдонæй иу уыдис Гæззаты Лади, директорæй дæр дзы куыста йæхæдæг.

Дохтыры куыст[ивын | Бындур ивын]

Лади цардмæ, уавæртæм каст, адæмæн кæм тынгдæр хъæуы балæггад кæнын, цæмæй тынгдæр тыхсынц æмæ сæ йæ сæр кæм куыд зæрдиагдæрæй хъæуы, ахæм цæстæй. Уыцы хæццæ, змæст, тыхст уавæрты адæмæн сæ æнæниздзинад тынг фæцудыдта, хъуыдис сæ медицинон æххуыс, дохтыртæ, медицинон кусджытæ та тынг стæм уыдысты Ирыстоны. Уый бахынцыдта æмæ 1927 азы ацыдис Мæскуымæ, каст фæцис мединститут æмæ уæдæй фæстæмæ куыста Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæныны системæйы дохтырæй. 1940 азы йæм æрсидтысты Советон Æфсады рæнхъытæм. Хæсты рæстæджы, суанг 1946 азмæ куыста полчы дохтырæй. Æфсадæй куы æрыздæхт, уæд кусын райдыдта медицинон ахуыргæнæндоны директорæй.

Аивадон куыст[ивын | Бындур ивын]

Аивадон уацмыстæ раджы райдыдта фыссын Лади. Фыста радзырдтæ, публицистон уацтæ, мыхуыр сæ кодта, Джермугъ, зæгъгæ, ахæм фæсномыгимæ периодикон органты. Уæды рæстæджы ирон мыхуырмæ йæ хъус чи дардта, уыдон æхсызгонæй кастысты Ладийы фыст радзырдтæ «Уæйгуыты къæдзæх», «Трибун», «Пехуымпар», «Зикъара», «Зымæгон райсом», «Фæдзæхст» æмæ æндæртæ.

Гæззайы фыртæн йæ оригиналон уацмыстæй къаддæр ахсджиаг нæ уыдысты ирон чиныгкæсæгæн йæ тæлмæцтæ. Уый ирон чиныгкæсджыты тæрхонмæ тынг аив тæлмацæй рахаста уырыссаг адæмон сфæлдыстады иууыл ахсджиагдæр уацмыстæй иу — «Игоры стæры хабар». Æмæ йæ канд ивгæ нæ ракодта, фæлæ ма йын сарæзта комментаритæ, дзырдуат скодта зынæмбарæн рагон дзырдтæн æмæ йæ афтæмæй мыхуырæй рауагъта 1947 азы. Ирон æвзагмæ ма раивта Гоголы «Тарас Бульба», Горькийы роман «Мад», Лермонтовы, Икскулы æмæ æндæр фысджыты уацмыстæ.

Лади стыр аргъ кодта ирон адæмон сфæлдыстадæн, уымæн æмæ уый у ирон адæмæн сæ истори дæр, сæ аивад дæр æмæ алцы дæр. Зæрдиагæй куыста ирон адæмон сфæлдыстад зонадон æгъдауæй раиртасыныл. Дзæвгар зонадон уацтæ ныффыста Нарты эпосы фæдыл.

Ладийы радзырдтæ[ивын | Бындур ивын]

«Уæйгуыты къæдзæх»[ивын | Бындур ивын]

Ладийы æрмдзæф бæрæгæй зыны ирон литературæйы, никæимæ хæццæ кæны. Афтæ нæм кæсы æмæ уый, фыссæг цы уыд, уымæй фылдæр уыдис нывгæнæг. Кæй зæгъын æй хъæуы, алы фыссæг дæр, кæд ын фыссæджы курдиат æрдзæй лæвæрд у, уæд хъуамæ нывгæнæг уа, хъуамæ ныв кæна дзырдтæй. Фæлæ Ладийы нывкæнынад бирæ цæмæйдæрты хицæн кæны. Арæхстджын, курдиатджын нывгæнæг йæ цъылынæг кæддагыл иу сæрфт куы ракæны, уæд дзы аззайы, фæрсæрдыгæй йæм бакæсæг дзæбæх кæй фена, кæй рахата, ахæм нывтæ, ахæм сурæттæ. Афтæ у Гæззайы фырты цъылынæг-фыссæн сисы «расæрфт» дæр. Уыцы иу расæрфтæй дзы ахæм фæлгæнцтæ аззайы, æмæ чиныгкæсæджы цæстытæй рахицæн кынын нал фæкомынц. Уый иууыл ирддæрæй зыны йæ радзырд-дзырдтæй конд ныв «Уæйгуыты къæдзæх»-ы. Ам алы гыццыл æви стыр хъуыды дæр у хицæн ныв. Кæсыс æмæ дæм «кæддагæй» куы разындзæнис тугхъулон хæсты быдыр, æниу хæст быдыры нæ, фæлæ хæхты цъассы, къæдзæхты саггæмтты цæуы, фæлæ авторы арæхстдзинадæй уыцы хæхты скъуыдтæ хатт «кæддагыл» разынынц ирд арвы цъæхы хуызæн сыгъдæгæй, быдырæнгасæй. Ацы диссаджы кæддагыл куы фæзыны, карз тохы чи бацыд, ахæм хæстонтæ, куы лидзæг тыхст адæймаг, куы сурæг фыдзæрдæ сырд лæджы сурæты. Æмæ æппæт уыцы нывтæ-сурæттæ куы æрбаиу вæййынц, уæд дзы рауайы «Уæйгуыты къæдзæх».

Сæ хæцæн бынат мæнæ цы хуызæн ныв кæны автор: «Алы къуыпп, дзыхъ æмæ къæдзæх-дурæй сарæзтам фидар хæцæн, æмæ фæлтæргай æхсæм».

Знаджы змæлд-архайд мæнæ цы хуызæн цæстуынгæйæ ныв кæны автор:

Æрбаввахси знаг. Бæрæг æй æвзарæм. Лидзджыты æрбаййæфта. Сæмхæццæ семæ. Ахсы сæ. Стигъы сæ… Нæ ивгъуыйы йе зды: знаджы рæнхъытæ къаддæр кæнынц… Фæлæууыди æмæ йæхи саппы фæстæ фидар кæны.

Ацы ныв кæсгæйæ, цыма тæппæй тæппмæ уынæм знаджы змæлд, афтæ нæм зыны æмæ йæ уындæй зæрдæ риссы.

Къорды раздзог Цъæхилæн йæ нæмгуытæ куы фесты æмæ йын топп куы ницыуал æфтиаг уыд, уæд æй ныззыввытт ласта, фæлæ автор уый нæ зæгъы: мах æй цæстæй куыд уынæм, афтæ нын æй ныв кæны: дардыл фæхаста йæ цонг æмæ…

Топп уæлдæфы цалдæр хатты ныззылди æмæ сæмбæлди саппыл, знаджы хæд цур.

Афтæ фыст у радзырд сæрæй кæронмæ: фыст у нывтæй, дзырдтæй конд нывтæй.

«Пехуымпар»[ивын | Бындур ивын]

Ахæм уагыл фыст у радзырд «Пехуымпар» дæр. Сидзæр сабийы мад у æлдары бонгусæг, саби та… «Ничи йын уызта йæ авдæн æмæ йын авдæны зарæг хъæлдзæг никуы кодта йæ зæрдæ». Уæддæр байрæзт саби æмæ йæхæдæг дæр ссис æлдары кусæг, æлдары хæринаджы уæлдæйттæ йæ хæлц кæмæн сты, йæ уæлæдарæсы бызгъуыртæ та йæ уæлæ-дарæс йæ куысты мыздмæ, ахæм уæлыгæс. Фæлæ ацы хабæрттæ, радзырдфыссæгæй куыд домдæуы, афтæ фыст не сты, фæлæ хицæн гæппæлтæй нывгонд. Æмæ уымæй уацмыс ноджы тынгдæр хъары зæрдæмæ. Чиныгкæсæг цыма чиныджы нæ кæсы хабæртты, фæлæ сæм йæхæдæг йæхи цæстæй кæсы, афтæ æнкъары йæхи æмæ йæ зæрдæ тынгдæр риссы пехуымпар сабилæппуйы æнæзæрдæмæдзæугæ хъысмæтæй.

«Уазæг»[ивын | Бындур ивын]

Афтæ нывфæлыст фыст у радзырд «Уазæг» дæр. Æцæг ам сюжетон хаххы бæрджытæ фæзынд, фæлæ Лади бынтон йæ къух нæ систа йæ дзырд-тæй аив нывгæнæджы æрмдзæфыл æмæ ныв кæны, Дæргъæфсы Цæгат Ламардоны былгæрон хъæуы Туцаты Зауыры хæдзары цытæ цæуы, уый. (Уацмыс фыст у Икскулы роман «Тыбайы Уацилламæ» гæсгæ). Хæдзары сты Зауыры зæронд куырм ус æмæ чызг Зали. Фæуазæг сæм ис æхсæвыгон, сæ хæдзар сын йæ фæндыры аив цагъдæй чи бахæдзаргъуыз кодта, уыцы зындгонд абырæг Уырысхан. Уæдæй фæстæмæ Уырысхан æмæ Залийы æхсæн цы æнæфæцудгæ уарзондзинад равдылд, уый автор ныв кæны бауырнинаг æмæ зæрдæмæхъаргæ нывтæй, фæлгæндзтæй.

«Уалдзæг æрæввахс»[ивын | Бындур ивын]

Æрдзы рæсугъддзинад, æрдзы фидыц адæймаджы æнкъарæнтæ уæлвонг æмвæзадмæ куыд исынц, ууыл фыст у радзырд «Уалдзæг æрæввахс». Хадыр æдзух къæдзæхтыл куыд хилы, къуылдымтыл, рæгътыл куыд зилы, алы кæрдæджы халыл, алы бæласы къалиуыл куыд цин кæны, уый йын адæм нымайынц «цъиуты сайдыл», фæлæ сæ Хадыр ницæмæ дары. Уымæн æрдз схай кодта, йæ алыварс цы рæзы, цы зайы, уалдзæджы æрбалæудыл алы зайæг хал куыд цин кæны, ууыл райын, ууыл цингæнаг зæрдæ æмæ дзы райгонд, буц у. Ацы радзырдæй бæрæг у, автор йæхæдæг дæр æрдзмæ тынг хъарм зæрдæ кæй дардта.

Радзырд ныффыссын мондаджы фыст кæй нæу, фæлæ йæ уалдзæджы æрцыдыл йæ цингæнаг æнкъарæнтæ кæй баразæнгард кодтой ахæм дзæбæх аив фæлыст уацмыс ныффыссынмæ, уый дызæрдыггаг нæу.

Афтæ аив, сурæтвæлыст фыст сты, Гæззаты Ладийæн цы цъус уацмыстæ ныффыссын бантыст, уыдон. Цъус та йын, æвæццæгæн, уымæн бантыст æмæ æдзух уыдис царды гуылфæны, цард фылдæр хъару, фылдæр рæстæг кæм домдта, ахæм ран. Аивадон уацмыс фысгæйæ та Лади йæхицæй цас домдта, куыд лæмбынæг куыста алы чысыл ныв скæныныл дæр, уымæй бирæ ныффыссæн нæй. Стæй фыссæджы сфæлдыстадон æнтыстæн нæдæр уæзæй ис барæн, нæдæр дæргъ æмæ уæрхæй. Фыссæджы æнтыст баст у йæ уацмысты аивадон арф бавнæлдæй, се ’нкъарæнджын мидисы зæрдæмæхъаргæ хъомысæй. Уыдæттæй та Ладимæ лаз æрхæссын никæцы чиныгкæсæджы бон бауыдзæн.

Гæззаты Лади, 67 азы йыл цыдис, афтæмæй амардис 1962 азы.