Перейти к содержанию

Бокарёв, Евгений Алексейы фырт

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Бокарев, Евгений-æй æрвыст)
Евгений Алексейы фырт Бокарёв
уырыс. Евгений Алексеевич Бокарёв
Райгуырды датæ 12 (25) февралы 1904[1]
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1971-æм азы 11 мартъийы(1971-03-11)[1] (67 азы)
Мæлæты бынат
Бæстæ
Зонады къабаз нахаг-дагъистайнаг æвзæгтæ, æвзагзонынад, эсперанто[2] æмæ кавказаг æвзæгтæ[2]
Куысты бынат
Альма-матер
Ахуырадон къæпхæн филологон зонæдты доктор[d]
Ахуырадон ном профессор[d] æмæ профессор[d]
Хорзæхтæ æмæ премитæ
Фæллойадон Сырх Тырысайы орден Сырх Стъалыйы орден медаль «В ознаменование 100-летия со дня рождения Владимира Ильича Ленина» медаль «За оборону Ленинграда» медаль «За победу над Германией в Великой Отечественной войне 1941—1945 гг.» юбилейная медаль «Двадцать лет Победы в Великой Отечественной войне 1941—1945 гг.» юбилейная медаль «50 лет Вооружённых Сил СССР»

Бокарёв Алексейы фырт Евгений уыд зынгæ советон лингвист, дагъистайнаг æвзæгтæ иртасæг, йæ заманы тæккæ æххæстдæр чи уыдис, ахæм уырыссаг-эсперантойаг (рауагъдад «Энциклопедия», 1966) æмæ эсперантойаг-уырыссаг (1974) дзырдуæттæ саразæг.

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

Райгуырди 1904-æм азы Стъараполы губернæйы Астæуккаг Егорлычы хъæуы. Ныртæккæ ацы цæрæнран хауы Ростовы облæстмæ.

Ахуыр кодта Темир-Хан-Шурайы сахары (ныртæккæ сахар Буйнакск Дагъистаны). Октябры революцийы фæстæ йæ ныййарджытæ раздæхтысты фæстæмæ Средне-Егорьевскоемæ, æмæ астæуккаг скъола Евгени каст фæцис йæ райгуырæн хъæуы, 1922-æм азы.

1921-æм азы райдианы, ахуырдзау уæвгæйæ, Бокарёв райдыдта кусын райдиан скъолайы ахуыргæнæгæй.

1922-æм азы бацыди Политехникон институтмæ, 1923-æм азы та хи раивын кодта Университетмæ, педагогон факультеты уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы хайадмæ. Университет каст куы фæцис, уæд 1925-æм азæй куыста скъолайы ахуыргæнæгæй (Цæгат Ирыстон, Дагъистан), 1927-æм азæй ахуыр кодта уырыссаг æвзаг Хъæдгæроны скъолайы[3].

1931-æм азы райдыдта кусын Дагъистаны педагогон институты. Кандидаты минимум раттыны æмæ диссертаци бахъахъхъæны фæстæ ссис зонæдты кандидат, 1938-æм азы та йын лæвæрд æрцыд доценты ном. 1939-æм азы бацыди Æвзаг æмæ Хъуыдыгæныны институты (ССР Цæдисы зонæдты Академи) докторантурæмæ, фæлæ хæст кæй райдыдта, уый охыл æй каст нæ фæци.

Æрсидтысты йæм флотмæ, æмæ 1941-æм азы июнæй 1946-æмы июньмæ фæслужбæ кодта. Хæсты рæстæджы, 1944-æм азы бацыдис Коммунистон партийы рæнхъытæм. 1946-æм азы демобилизацийы фæстæ нысангонд æрцыд Æвзаг æмæ Хъуыдыгæныны Институты сæйраг зонадон кусæгæй, 1950-æм азы та, институт сликвидацийы фæстæ Евгений Бокарёв райдыдта кусын ССР Цæдисы зонæдты академийы Æвзагзонынады институты, къорд азы дзы кавказаг æвзæгты хайады сæргъы лæууыдис.

Фæзиан 1971-æм азы 11 мартъийы Мæскуыйы.

Зонадон æмæ æхсæнадон архайд

[ивын | Бындур ивын]

1957-æм азы Бокарёв уыдис фæсивæд æмæ студентты Æхсæнадæмон VI-æм фестиваль цæттæгæнджытæй иу — разамынд лæвæрдта алыхуызон бæстæтæй эсперантистты фембæлдтытæ аразджытæн. Ацы архайд ахъаз фæци Советон Цæдисы эсперанто-змæлд ногæй райтынг кæнынæн (1930-æм азты æмбисæй нæ бæстæйы эсперантисттæ уыдысты æлхъывд, сæ цæдисы разамынд та æрцыд репрессигонд).

Бокарёв бирæ сарæзта цæмæй ССР Цæдисы эсперанто ахуыр кæныны хъуыддаг æнæзакъоныл нымад мауал уа. 1962-æм азы Фæсарæйнаг бæстæты адæмтимæ хæлардзинад æмæ культурон бастдзинæдты советон æхсæнæдты цæдисы цур сарæзтæуыд Советон эсперантистты æхсæнадæмон бастдзинæдты къамис. Бирæ рæстæджы дæргъы уый уыди эсперантистты иунæг ахæм организаци. Къамисы саразынæй лæгæн йæ амæлæты онг Евгений Бокарёв уыдис йæ сæрдар.

1963-æм азæй Бокарёв уыдис Эсперантойы академийы уæнг.

Иу рæстæджы советон лингвистикæйы райтынг ис «æрдзон» æмæ «скæнгæ» æвзæгты тыххæй дискусситæ. Уыдоны активонæй архайдта Бокарёв дæр. Уыдис уыцы æвзæгты ныхмæвæрды ныхмæ.

Уыдис лингвист Бокарёв Анатолийы æфсымæр. Схъомыл кодта дыууæ чызджы.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. 1,0 1,1 Deutsche Nationalbibliothek Иумæйаг нормативон контроль (GND) (нем.) — 2012—2016.
  2. 2,0 2,1 Чешская национальная авторитетная база данных
  3. Книга о Бокарёве (уырыс.)