Цогойтæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Цогойтæ[1] (уырыс. Цогоевы) сты ирон мыггаг.

Равзæрд[ивын | Бындур ивын]

Цомайтæ æмæ Цогойтæ æрвадæлтæ сты. Ирон адæм тæтæримæ куы хæцыдысты, уæд ма ирæттæй цы чысылтæ баззад, уыдонæй иутæ Уæлладжыры коммæ баирвæзтысты æмæ æрцардысты Дагомы. Адæм куыд бирæ кодтой, афтæ зæхх фаг нал кодта. Алчи зæхх агуырдта æмæ сæхи фæйнæрдæм истой. Афтæмæй цуанæттæ Куырттаты комы ’рдæм афтыдысты. Зæхх сæ зæрдæмæ фæцыд æмæ уырдæм алыгъдысты.

Бæрзæндæджы ма куы цардысты, уæд сæ чидæр Хъобаны ’рдыгæй фæтуджджын æмæ уырдыгæй ралыгъдысты. Æхсæв зæппæдзты баззадысты. Уым лидзæг адæмæй иуæн лæппу райгуырд, ноггуырды уым ныууагътой йæ мадимæ, сæхæдæг дарддæр ацыдысты. Райсомæй устытæ донмæ ныццыдысты. Усы федтой æмæ хабар ракодтой. Лæгтæ ныццыдысты. Усы скодтой йæ сабиимæ. Лæппуйыл ном сæвæрдтой Цогой, ома цæуæггагæй гуырд. Уымæй смыггаг сты Цогойтæ æмæ Луары æрцардысты.

Бæрзæндæгæй Æрхонмæ чи слыгъди, уымæн дыууæ лæппуйы уыд: Мелыка æмæ Бердыхъо. Мелыкайæ цы цот рацыд, Цомайтæ уыдон сты. Мелыкайæн райгуырд авд фырты: Цомай, Хъаммæрза, Цопан, Тыхыл, Æлдахъ, Хъараса, Тæлын. Уыдонæй алкæй номыл мыггаг рацыд. Ныртæккæ дæр æрвадиуæг кæнынц уыцы мыггæгтæ. Абоны онг кæрæдзийæ чызг нæма ракуырдтой. Бердыхъойы цот та Икъа, Хуыдæл, Седан, Гæгæрц, Годжи. Уыдонæй дæр алкæй номыл мыггаг рацыд.[1]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. 1,0 1,1 Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005 — 359 ф.