Аржан, Жан-Батист

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Жан-Батист Аржан
фр. Jean-Baptiste Boyer d'Argens
Райгуырды датæ 1704-æм азы 24 июны(1704-06-24)[1][2][3][…]
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1771-æм азы 11 январы(1771-01-11)[1][4][2][…] (66 азы)
Мæлæты бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз фыссæг, философ, тæлмацгæнæг, æфсæддон, аристократ
Жанр роман[d]
Уацмысты æвзаг францаг[1]
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Жан-Батист де Буайе, маркиз д’Аржан (фр. Jean-Baptiste de Boyer, Marquis d'Argens; райгуырдис 1704 азы — амардис 1771 азы) — францаг фыссæг-романист æмæ философ, Рухсады архайæг.

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

Уыдис Экс-ан-Провансы парламенты генералон прокуроры хистæр фырт. Йæ рагбонты цаутæ равдыста йæ фыццаг романтæй иу, «Господин маркиз д’Аржаны мысинæгтæ» (1735), зæгъгæ, уым. Литературæиртасджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй йæ ацы уацмысы æвдыст сты, æууæндæн кæуыл ис, фыссæджы ахæм биографион хабæрттæ.

Д’Аржаны æвзонджы бонтæ седзаг уыдысты алыхуызон цаутæй: æнæнтыст æфсæддон карьерæ (бæхæй æрхаугæйæ цы цæф райста, уый фыдæй йæ бахъуыдис ныууадзын службæ капитаны чины), актрисæ Сильвияимæ сусæг æмкъайад æмæ æнæбары алыгъд Испанимæ, дипломатон миссиимæ балц Алжирмæ æмæ Константинопольмæ (уым ын тас уыдис амарыны тæрхон рахæссынæй), талфтулфджын цард Ромы (чысыл ма бахъæуа, æмæ йæ дзы æххуырсгæ лæгмартæ амарой).

Д’Аржаны фыд бирæ рæстæг дзæгъæлы фæархайдта йæ фырты рæствæндагыл бафтауыныл. Суанг ма йæ æхсæз мæйы дæргъы фæбадын кодта фидар Перпиньяны. Фæстагмæ йæ ацух кодта хайвæндагæй йæ кæстæр æфсымæры пайдайæн.

Д’Аржан Парижы ахуыр кодта юриспруденци, зыдта бирæ æвзæгтæ, уыимæ рагбердзенаг æмæ рагдзуттаг, иттæг арæхстис истори æмæ рагон æмæ ног философийы, иртæста хими æмæ анатоми, цыдис Нываивады академийы профессор де Казайы нывгæныны уроктæм. Голландийы æрцæргæйæ, маркиз д’Аржан 1730-æм азты æмбисæй райдыдта йæ тыхтæ фæлварын литературæйы.

Фридрих Пруссиаг, уæдмæ уал кронпринц уæвгæйæ, тынг зæрдиагæй хуыдта маркизы Берлинмæ. Фæлæ д’Аржан Пруссийы æрцæрыныл сразы ис æрмæст Фридрих паддзахы бынат 1740-æм азы куы бацахста, уæд. Уæдмæ мыхуыргонд уыдысты фыссæджы сæйраг аив уацмыстæн сæ фылдæр. Къарол æй снысан кодта кæрты камергерæй, къаролы театры директорæй, Берлины зонæдты академийы дзырдаивады хайады сæргълæууæгæй.

Маркиз æрлæууыдис, пруссиаг кæрты цур чи бакъорд ис, уыцы философты сæргъы. Уыдоны ’хсæн уыдис цалдæр зынгæ ахуыргонды — П.-Л. Мопертюи, Ж.-О. Ламетри, Ф. Альгаротти, иу заман ма — Вольтер дæр. Берлины маркиз д’Аржан арвыста 25 азы, фæлæ уæддæр дзы æххæст нæ фæцахуыр ис. Актрисæ Бабеттæ Кошуаимæ къайад æмсæр кæй нæ уыдис, уый охыл маркизмæ сфыдæх сты канд йæ хæстæджытæ нæ, фæлæ Фридрих II дæр, æмæ уыцы ахасты фæстиуæгæн йæ царды фæстаг бонтæ уый арвыста йæ райгуырæн сахар Эксы.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. 1,0 1,1 1,2 Bibliothèque nationale de France идентификатор BNF (фр.): гом бæрæггæнæнты платформæ — 2011.
  2. 2,0 2,1 2,2 2,3 Argens, Jean Baptiste de Boyer (англ.) // Encyclopædia Britannica: a dictionary of arts, sciences, literature and general information / H. Chisholm — 11 — New York, Cambridge, England: University Press, 1911. — Vol. 2. — P. 457.
  3. Jean-Baptiste de Boyer Argens // Babelio (фр.) — 2007.
  4. Аржансъ (уырыс.) // Энциклопедический лексиконСПб: 1835. — Т. 3. — С. 42.
  5. LIBRIS — 2012.