Убыхаг æвзаг
Внешний вид
| Убыхаг æвзаг | |
|---|---|
| twaχəbza | |
| Бæстæтæ | Убыхи |
| Дзурджыты нымæц | Мард æвзаг |
| Классификаци | |
| Категори | Евразийы æвзæгтæ |
| Фыссынад | кириллон алфавит æмæ латинаг алфавит[d] |
| Æвзæгты кодтæ | |
| ISO 639-1 | — |
| ISO 639-2 | — |
| ISO 639-3 | uby |
| WALS | uby |
| Atlas of the World’s Languages in Danger | 1062 æмæ 644 |
| Ethnologue | uby |
| IETF | uby |
| Glottolog | ubyk1235 |
Убыхаг æвзаг (a-twaxə, twaχəbza) у, абхаз-адыгаг бинонтæм чи хауы, ахæм мыггагыскъуыд æвзаг. Убыхагау дзырдтой убыхæгтæ, фæстаг убыхагау дзурæг адæймаг Тевфик Есенч фæзиан Турчы 1992-æм азы.
Убыхаг æвзагыл чи дзырдта, уыцы адæмы цæрыны сæрысуангон зонæ уыди Кавказы сауденджызон былтæ.
1860-æм азты, Кавказы хæсты фæстæ убыхæгты фылдæр хай Уæрæсейы хицауадæй æрцыдысты æрвыст Туркмæ; Кавказы чи баззади, уыдон та батадысты уыцы регионы æндæр бынæттон адæмты ’хсæн.
Убыхаг æвзаг хъуыстгонд у йæ уникалон фонетикæйæ — ис дзы 84 æмхъæлæсоны (уыдонæй цыппар мыры æмбæлынц æрмæст æрбайсгæ дзырдты) æмæ дыууæ хъæлæсон мыры (дæргъвæтин «а» æмæ цыбыр «а»).
