Нахушев, Черим Хачимы фырт
Черим Нахушев | |
---|---|
Нэхущ Чэрим | |
Райгуырды датæ | 1970-æм азы 17 декабры (53 азы) |
Райгуырæны бынат | |
Бæстæ | Уæрæсе |
Професситæ | зарæггæнæг |
Жанртæ | этно-поп, фолк |
Хорзæхтæ | |
cherim.ru |
Нахушев Хачимы фырт Черим (кæсгон-черкес. Нэхущ Чэрим; райгуырдис Заюковойы) у уæрæсейаг зарæггæнæг; зары адæмон æмæ эстрадон зарджытæ кæсгон-черкесаг, уырыссаг, ирон æмæ абазаг æвзæгтыл.[1]
Сфæлдыстад
[ивын | Бындур ивын]Сфæлдыстадон фæндаджы райдайæн
[ивын | Бындур ивын]Пахсæны астæуккаг скъола фæуыны фæстæ бацыдис Цæгат Кавказы аивæдты паддзахадон институтмæ.[2]
Зарын райдыдта институтмæ бацæуыны агъоммæ. Черимæн йæхи загъдау, курдиат йæм ссардта йæ мад Раисæ (фæзиан 2005-æм азы).
Нахушевы зарджытимæ аудиокассетæтæ фыццаг фæзындысты 90-æм азты райдайæны.[1] Уый зарыдис зындгонд кæсгон зарджытæ; уыдон заргæйæ Черим пайда кодта нырыккон аранжировкæтæ æмæ импровизацийæ. Уалынджы йæ ном сси зынгонд Хъæрæсе-Черкес, Адыгей æмæ Кæсæг-Балхъары цæрджыты ’хсæн, æмæ ныридæгæн зындгонд у æнæхъæн Цæгат Кавказы æмæ уый æдде (черкесаг диаспорæйы Турк æмæ Æввахс Скæсæны).
Жанртæ
[ивын | Бындур ивын]Йæ сценæмæ фæндаг Черим райдыдта куыд кæсгон адæмон зарджытæ чи зарыдис, ахæм артист (тохы, хъайтарты зарджытæ, лирикон æмæ æнд.). Цагъдысты йын кæсгон адæмон инструменттæй — щичепшин, бжамий, кæсгон фæндыр æмæ æнд. Бæрæг бынат йе сфæлдыстады ахсы тохы зарæг.
Афтæмæй, йæ рагон репертуары жанр схонæн ис этникон (адæмон) зарæг.
Йæ фæстаг репертуар у алыхуызон: эстрадон зарæг, зарæг уырыссаг æвзагыл, стæй, йæ миниуæг кæсгон адæмон æмæ нырыккон поп-музыкæйы инструментты æмдзыгъуыр кæмæн у, ахæм этно-поп. Нахушевы иу зарæджы (кæсгон-черкес. «Мамэ») хъуысы сомихаг дудук — цæгъды та йын зындгонд музыкант Дживан Гаспарян.
Æмгуыст
[ивын | Бындур ивын]Нахушевæн музыкæ фыссынц композитортæ Анзор Хаупа æмæ Мурадин Думанов. Цæгъдынц Тимур Лосанов (фæндыр), Зубер Евагов (щичепшин), Анзор Увыж (бжамий). Аранжировкæтæ фыссы Анзор Хаупа, йæ продюссер та у Амур Успаев.
Хорзæхтæ
[ивын | Бындур ивын]- Черим Нахушев у Кæсæг-Балхъары адæмон артист (2008)[3]
- Хъæрæсе-Черкесы адæмон артист (2007)[4].
- Адыгъейы адæмон артист (2007)[5].
- Мæхъхъæлы адæмон артист (2007)[6].
- Уый йеддæмæ, Нахушев у преми «Афæдзы персонæйы» Кæсæг-Балхъары лауреат[7].
- Газет «Народы Кавказа»-йы номинаци «Афæдзы зарæггæнæджы» лауреат (2007)[8].
Альбомтæ
[ивын | Бындур ивын]Ныридæгæн Нахушев рауагъта æртæ альбомы. Уыдонæй дыууæйæн презентаци уыдис 2006-æм азы. 2009-æм азы уыдис альбом «Five»-ы презентаци.[9] Альбомы фондз зарæджы ныффыста Мурадин Думанов, иуæй-иутæ ныффыста Нахушев йæхæдæг. Уыдонæй иу («Хуссар æхсæвы рæстæг» (уырыс. «Южной ночью») азарыдис уырыссагау (ныхæстæ ныффыста Константин Арсеньев). Альбомы дыууæ зарæгæн режиссёр Бæдоаты Алан систа клиптæ.[9]
Бинонтæ
[ивын | Бындур ивын]Йæ бинойнаг у Лианæ Нахушева (ус ракуырдта 2004-æм азы) æмæ сын ис чызг æмæ лæппу.[10]
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ 1,0 1,1 Черим Нахушев балæвæрдта Хъæрæсе-Черкесы цæрджытæн йæ зарджытæ(æнæбаххæсгæ æрвитæн) (уырыс.)
- ↑ Культурæйы кусджытæ домынц фылдæр мызд (уырыс.)
- ↑ Приказ №139-УП от 26.12.2008г. Официальная Кабардино-Балкария. Приложение к газете «Кабардино-Балкарская правда», №70, 31.12.2008
- ↑ Мурадин Думановы зарджыты кафтизæр (уырыс.)
- ↑ Указ Президента Адыгеи от 27.12.2007 № 256 «О присвоении почетных званий Республики Адыгея» Нахушеву Чериму Хачимовичу (уырыс.)
- ↑ Черим Нахушев сси Мæхъхъæлы адæмон артист. Архивгонд æрцыдис 25 октябры 2007 азы. (уырыс.)
- ↑ Преми «Афæдзы персонæ»(недоступная ссылка). Датæ: 2009-æм азы 21 августы. Архив 2007-æм азы 7 ноябры.
- ↑ Дæс азы «Народы Кавказа»-имæ Архивгонд æрцыдис 10 октябры 2008 азы. (англ.)
- ↑ 9,0 9,1 Черим Нахушев(æнæбаххæсгæ æрвитæн). Альбом «Five»
- ↑ 8-æм июлы 2009-æм азы Налцыччы уыдис 14 чындзæхсæвы (уырыс.)