Цæразонтæ
Цæразонтæ сты рагон ирон мыггæгтæй иу.
Этимологи
[ивын | Бындур ивын]Цæразонты комы равзæрд бæттынц Ромы Цезæртимæ. Уый фидарæй равдыста Абайты Васо йæ зонадон уац «Происхождение осетинских фамильных имен СÆRAZONTÆ и ÆGHUZATÆ»-йы æмæ скæны хатдзæг:
«Итак, с лингвистической стороны возведение фамильного имени Cærason к Cæsaron и в конечном счете к латинскому CAESAR не может вызвать сомнений, но вопрос имеет помимо, лингвистического, еще и исторический аспект. Когда и в какой исторической ситуации в определенных кругах осетинской знати могла появиться претензия на родство с Цезарями?» |
Истори
[ивын | Бындур ивын]Цæразонтæ уыдысты Ос-Бæгъатыры хистæр фырт Цæразоны цæуæт. Цæразоны цæуæт цардысты Æрыдоны уæллаг фарс. Ардæм хаудтой Къасарагом, Зæрæмæг, Нузал. Цæразонты уыдысты хъæутæ: Бад, Къора, Нæзыджын, Нузал, Амасин, Ход, Зджыд. Таурæгъмæ гæсгæ, Нæзыджыны цардысты Цæразонтæй æртæ æфсымæры: Мзок, Хъупе æмæ Челд. Челд алыгъд Мамысоны коммæ æмæ уым Згъилы цард. Цæразонтæн сæ кувæндон Нузалы уыд.[1]
Мыггæгтæ
[ивын | Бындур ивын]Абойтæ, Абочитæ, Алæджыхъотæ, Алихантæ, Асатæ, Æфсæнтæ, Бирæгътæ, Битойтæ, Гамазтæ, Гæззатæ, Гуыбатæ, Доцитæ, Джусойтæ, Дзигойтæ, Дзитойтæ, Дзусатæ, Жажитæ, Елойтæ, Дзасохтæ, Зандартæ, Куыдзæгтæ, Кобегкатæ, Къæбултæ, Къзойтæ, Лæппынæгтæ, Магкатæ, Мамитæ, Мамытатæ, Моргуатæ, Мзоктæ, Мыртазтæ, Ногъайтæ, Реуазтæ, Сататæ, Сихъотæ, Сепойтæ, Таугазтæ, Тархантæ, Тегкатæ, Текъотæ, Тотитæ, Тыджытæ, Туатæ, Тъуритæ, Уырымтæ, Хадатæ, Хапсæтæ, Хаситæ, Хæбæлатæ, Хетæгкатæ, Хосонтæ, Хуырымтæ, Хъайтмазтæ, Хъæцмæзтæ, Хъæцлæутæ, Хъуппетæ, Хъыбызтæ, Чеметæ, Чехойтæ, Челдытæ, Цуцитæ, Цоцитæ.[2]
Кæс ноджы
[ивын | Бындур ивын]Литературæ
[ивын | Бындур ивын]- Арвы дуар. Ирон мифологи æмæ цардыуаджы дзырдуат. Чиныг сарæзта Цгъойты Хазби. – Дзæуджыхъæу, «ИР», 2005 – 232 ф.
- «Происхождение осетинских фамильных имен СÆRAZONTÆ и ÆGHUZATÆ» // В.И. Абаев Избранные труды. - Владикавказ,Издательство «Ир» 1990 г.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.
- ↑ Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005, 30-æм ф.