Сидæмонтæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Сидæмонтæ сты рагон ирон мыггæгтæй иу. Уæлладжыры комы иуæй-иу, стæй Куырттаты æмæ тæгиаты мыггæгтæ иууылдæр сты Сидæмонтæй. Уыдонмæ ма хауынц Хуссар Ирыстоны Цыхуырбатæ, Тедетæ, Биазыртæ æмæ æндæртæ.

Истори[ивын | Бындур ивын]

Сидæмонтæ æппæты фыццаг æрцардысты Ксурты, Уæлладжыры, Æрыдоны галиу фарс, Урсхохы рæбын. Таурæгъмæ гæсгæ, Сидæмоны цæуæт ардыгæй æндæр рæттæм лидзын райдыдтой раджы, зæхх сын кæй нæ фаг кодта, уый тыххæй. Ксуртæй æппæты фыццаг чи ралыгъд, уыдон æрцардысты Æрыдоны рахиз фарс Бæрзондададжы. Таурæгъ куыд дзуры, уымæ гæсгæ Сидæмонтæй дыууæ æфсымæры Фата æмæ Наджы цуаны рæстæджы Æрхоны комы федтой иу бынат, ацы бынат цæрынæн сæ зæрдæмæ фæцыд æмæ дзы æрцардысты. Сырæзт дзы хъæутæ: Дæйыхъæу æмæ Цъус. Дæйыхъæуы æрцард Фатта, Цъусы та — Наджи. Дæйы фарсмæ ис хъæу Тъæра. Ам, зæгъы, цардысты Хунæрвады цæуæт. Таурæгъмæ гæсгæ, адон ногъайæгтæй равзæрдысты. Ацы мыггæгтæм хауынц: Гæззатæ, Илатæ, Кобестæ, Слонатæ, Дударатæ, Хосонтæ, Сахъмантæ. Адонæй Слонатæ æмæ Дударатæ алыгъдысты Тæгиаты коммæ. Сидæмонты цæуæт ма æрцардысты Цъусы хъæуы. Цæрынц дзы Реуазтæ, се ’рвадæлтæ сты Соппойтæ. Луары дæр Сидæмонтæ цардысты. Уыналы дæр Сидæмонтæ цæрынц. Ардæм æрлыгъдысты Ксуртæй цыппар æфсымæры: Суан, йæ цæуæт систы Суантæ, Дауыр — Дауыратæ, Мысык — Мысыккатæ æмæ Цæллаг — Цæллагтæ.

Таурæгъмæ гæсгæ, Бæрзондадагæй Фатта æмæ Наджийæ дарддæр алыгъдысты æртæ æфсымæры: Ростом, Бибилон æмæ Цитлосан. Таурæгъы ирон вариантмæ гæсгæ, ацы æфсымæртæ ардыгæй алыгъдысты, ам Ростомæн йæ фырт калмы хæстæй куы амард, уый фæстæ. Таурæгъы гуырдзиаг вариантмæ гæсгæ та, ацы æфсымæртæ ам нал бафидыдтой се ’рвадæлтимæ æмæ сæхи айстой Хуссар Ирмæ. Фыццаг Урстуалты æрбынат кодтой, фæлæ фæстæдæр алыгъдысты Гуырдзыстонмæ æмæ уым систы Чысаны ерыстаутæ. Ростом, Бибила æмæ Цитлосан Сидæмонтæй кæй уыдысты, ууыл дзырдæуы канд фольклорон таурæгъты нæ, фæлæ ма историон документты дæр, куыд зæгъæм «Хроника Ксанских эриставов»-ы. Уый фыст æрцыд 1405—1410 азты Ларгуисы кувæндоны Григол Бандасдзейы къухæй. Ацы цыртдзæвæны дыккаг хайы дзырд цæуы XIII æнусы кæрон æмæ XIV æнусы райдианы Чысангомы кæй фæзындысты Сидæмоны цæуæт æртæйæ, сæ кусæг адæмæй æвдайы ракодтой, афтæмæй. Ирыстоны сæ хæстæджытимæ фæхыл сты æмæ Захъхъайыл ахызтысты Туалгоммæ. Уым сын бар радтой æрцæрынæн, фæлæ диссаджы галуантæ куы райдыдтой аразын, уæд уый тасæй, зæгъгæ, ам сæхи схицæуттæ кæндзысты, æрвыст æрцыдысты ацы бæстæй æмæ бахаудтой Чысангоммæ. Уыцы заманы уым тох цыд æддагон знæгтимæ. Ростом сын йе ’фсымæртимæ æмæ йæ адæмимæ тынг баххуыс кодта, цæмæй се знæгтыл фæуæлахиз уыдаиккой, уымæн, æмæ уæд Ларгуисы хицау загъта Ростомæн: «Кæд дæ ам æрцæрын фæнды, уæд ракур, цæмæй дын бар лæвæрд æрцæуа, куы амæлай, уæд дæ Ларгуисы кувæндоны куыд баныгæной. Ам та ныгæнынц зынгæ адæмы, хицауиуæг чи кæны, ахæмты». Ростом æцæгдæр хистæртæн загъта йæ хъуыды æмæ баныхас кодтой, Ларгуисы кувæндоны кæй æрцæудзæн ныгæд, ууыл. Ростом Ларгуисы æрцард, адæм æй тынг бауарзтой йæ хъæбатырдзинады тыххæй. Адæмы хъаггæдта алы фыдбылызæй.

Фæстагмæ Ростом æмæ йæ цæуæт систы Чысангомы ерыстаутæ. Таурæгътæм гæсгæ, Сидæмонтæм хауынц Тæга æмæ Куырттайы цæуæт дæр. Иу таурæгъмæ гæсгæ, дыууæ æфсымæры Тæга æмæ Куыртта Æрыдоны доны сæрты ахызтысты æмæ Фыййагдоны комы æрцардысты Уæлæсыхы хъæуы. Ныр дзы хъæу нал ис. Ам ис дыууæ стыр зæппадзы. Куыд дзурынц, афтæмæй Тæга æмæ Куыртта æвæрд сты уыцы зæппæдзты. Тæгайы фырттæ Камбий æмæ Сана тынг фæхыл сты. Камбитæ фæцагътой Санаты, æрмæст ма сæ аирвæзт иу гыццыл лæппу, йæ ном Тотик, æмæ йæ Куырттаты иннæ цæрджытæ бамбæхстой. Уый тыххæй Камбитæ цæрджыты ардыгæй сурынвæнд скодтой. Уæд уыдон Камбийы дыууæ фырты амардтой. Камбийæн ма уыд æртæ фырты, æмæ уыдон алыгъдысты Дæргъæвсмæ. Фæстæдæр Камбитæй дыууæ æфсымæры: Тулат æмæ Кундух Дæргъæвсæй алыгъдысты Фæры доны коммæ æмæ уым сарæзтой хъæу — Саниба. Рекомы хохыл та кувæндон Саниба сарæзтой Тулат æмæ Кундухы цæуæт.[1]

Мыггæгтæ[ивын | Бындур ивын]

Абийтæ, Агънатæ, Адырхатæ, Алдахътæ, Андудтатæ, Ансаутæ, Атайтæ, Ахъитæ, Ачутæ, Æлбортæ, Æлдаттатæ, Бæцойтæ, Бердыхъотæ, Бесатæ, Биазыртæ, Бибылтæ, Биджелтæ, Бирæгътæ, Бицъотæ, Бокотæ, Босыктæ, Боцитæ, Бутатæ, Габантæ, Габетæ, Гагацтæ, Гаппатæ, Гаситæ, Гæгæрцатæ, Гæджитæ, Гобетæ, Годжитæ, Гозымтæ, Гуацæтæ, Гуыбатæ, Дауыратæ, Дудиатæ, Дзаныхъотæ, Дзаныхътæ, Джедыхъоуатæ, Джедыхъотæ, Джимитæ, Дзæрæхохтæ, Дзерантæ, Дзиуатæ, Дзодзитæ, Дзоккатæ, Дзокъатæ, Дзугатæ, Есенатæ, Земæттæ, Золойтæ, Зæнджиатæ, Икъатæ, Илатæ, Кабойтæ, Калотæ, Карсантæ, Каммерзатæ, Кодзыртæ, Кæсæбитæ, Карасатæ, Кобестæ, Коммойтæ, Къадзатæ, Къантатæ, Къундухтæ, Къутæртæ, Ласлытæ, Лæууойтæ, Легкотæ, Лектæ, Лолатæ, Магкæтæ, Мадзатæ, Мамсыратæ, Мелыккатæ, Мулдартæ, Муритæ, Мысыкатæ, Пагæтæ, Перисатæ, Притæ, Реуазтæ, Сагкатæ, Слантæ, Санетæ, Суантæ, Сæхæгатæ, Седантæ, Созæтæ, Сатхъотæ, Смайлатæ, Слохтæ, Сопойтæ, Таймазтæ, Таубойтæ, Тауджитæ, Тахохтæ, Тæлынтæ, Тедетæ, Тедтитæ, Тихилтæ, Толпартæ, Тотыгкатæ, Тохсыртæ, Тохтæ, Тыбылтæ, Тъехтæ, Уататæ, Уырызмæгтæ, Уазитæ, Фардзинтæ, Хосротæ, Хуыдæлтæ, Хотонтæ, Хлойтæ, Хошатæ, Хæдарцатæ, Хæмæттæ, Хозитæ, Хъаммæрзатæ, Хъайтыхътæ, Хъайттатæ, Хъаныхъуатæ, Хъантетæ, Хъардантæ, Хъарасатæ, Цæллагтæ, Цæрæктæ, Цогойтæ, Цомайтæ, Цопантæ, Цыхуырбатæ, Цуккатæ, Черчестæ, Чеселатæ.[2]


Цымыдисаг факттæ[ивын | Бындур ивын]

Гуырдзиæгтæм æмбæлы мыггаг Сидамонидзе (гуырдз. სიდამონიძე).

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.
  2. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. 30, 31 ф.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • АРВЫ ДУАР. Ирон мифологи æмæ цардыуаджы дзырдуат. Чиныг сарæзта Цгъойты Хазби. Дзæуджыхъæу, «ИР», 2005 — 232 с.
  • «Избранные труды», В.И. Абаев. — Владикавказ, Издательство «Ир» 1990 г.